Ирон самбисттæ райстой фондз хорзæхы æппæтуæрæсейаг турниры

Ирыстойнаг спортсменты хæзнадоны ис иу сыгъзæрин, иу æвзист æмæ æртæ бронзæйон майданы
Sputnik

ЦХИНВАЛ, 13 июн — Sputnik. Цæгат Ирыстоны æмбырдгонд æнтыстджынæй ралæууыд Ӕппæтуæрæсейон мастерон турниры самбойæ - рамбылдта дзы фондз майданы, хъусын кæны республикæйы спорты министрады пресс-службæ.

Дзауаг самбисттæ ссисты "Сабырадон Кавказ"- ы призертæ

Ирыстойнаг спортсменты хæзнадоны ис иу сыгъзæрин, иу æвзист æмæ æртæ бронзæйон майданы.

Ерыстæ уагъд цыдысты Кæсæг-Балхъары æмæ æрæмбырд кодтой сæдæмæ æввахс Цæгат-Кавказаг æмæ Хуссайраг федералон зылдтæй, афтæ ма Красноярск æмæ Мæскуыйæ.

Самбистты цæттæ кæнынц тренертæ Гасситы Петр, Козаты Алан, Коцты Алик æмæ Колыты Игорь.