Центр "Лидер"-ы сапертæ дарддæр сыгъдæг кæнынц Хуссар Иры территори

Уæрæсейаг сапертæ æрцыдысты республикамæ цыппæрæм хатт, уыдон сыгъдæг кæнынц тæссаг æрмæджытæй Зары бæрзæнд
Sputnik

ЦХИНВАЛ, 14 июн - Sputnik. Центр "Лидер"-ы уæлдай тæссаг ирвæзынгæнæн операциты отряды командир булкъон Алексей Завацкийы къухдариуæгадæй дарддæр цæуы куыст тæссаг срæмудзæн æрмæджытæ агурыны фæдыл.

13 июны басгæрстой 1000 м2 (0,1 га) фæзуат, хъусын кæны центры пресс-службæ.

"Лидер"-ы сапертӕ фесты ӕнӕзианхъомгӕнӕн куыстытӕ Хуссар Иры

"Пиротехникон къорд ссыгъдæг кодта 3390 м2 (0,34 га) фæзуат, ссардæуыд фондз минæ ПМН-2", - дзырдæуы хъусинаджы.

Умæй размæ спырх кодтой фондз срæмудзæн æрмæг: минæ МОН-50, минæ ТМ-62М, электродетонатор ЭДП-р æмæ дыууæ гранатæ ВОГ-17.

"Размæцæугæ хатдзæгимæ сгæрст ʻрцыд 171 760 м2 (17,17 га) æмткæй ссардæуыд 145 срæмудзæн æрмæг", - бафтыдтой центры пресс-службæйы.

Уӕрӕсейаг специалисттӕ ныр сты цыппӕрӕм гуманитарон миссиимæ Хуссар Ирыстоны. Уыдон куыстой тӕссаг хӕйттыл ӕмӕ ссыгъдӕг кодтой рӕмудзӕн ӕрмӕджытӕй республикӕйы территорийы 100 гектарӕй фылдӕр, ссардтой 700 рӕмудзӕн ӕрмӕгӕй фылдӕр.