Хуссарирыстойнаг ахуырдзаутæ улæфынц Хъырымы

Къорды сконды сты Дзау æмæ Цхинвалы скъола-интернатты хъомылгæнинæгтæ
Sputnik

ЦХИНВАЛ, 17 июн — Sputnik, Плиты Фатимæ. Хуссар Ирыстоны скъоладзауты къорд сæ сæрдыгон улæфтбонты иу хай æрвитынц Сау денджызы былгæрон. Къорды сконды сты Дзау æмæ Цхинвалы скъола-интернатты хъомылгæнинæгтæ, фехъусын кодта Sputnik къорды къухдариуæггæнæг Тедеты Анжела.

30 сывæллоны хистæр кары адæмимæ улæфынц уазæгдон "Сакля горца"-йы хъæу Песчаноейы, Симферопольмæ хæстæг.

Лагерь "Хуры тын": сывӕллӕтты улӕфт Цхинвалы у ӕдас

"Улæфынмæ ацыдысты æххуысхъуаг æмæ бирæсывæллонджын бинонты зæнæг æмæ сидзæр сывæллæттæ. Скъоладзаутæ сæ улæфт æрвитынц Сау денджызы былгæрон æмæ райгонд сты сæ улæфтæй курорты. Цымыдисон график сын æрцыд арæзт – æртæ хатты хæрд, тезгъо, футбол, хъæзтытæ æмæ экскурситæ", - радзырдта Тедеты Анжела.

Уый ма бузныджы ныхæстæ загъта президент Бибылты Анатолий, Уæрæсейы сæйраг тренер Тедеты Дзамболатæн æмæ уазæгдон хицау Битеты Эльбрусæн се 'ххуысы тыххæй.

Сывæллæттæ улæфдзысты 21 июньмæ.