Хуссар Ирыстоны парламент равзæрста ног спикеры

Хъæлæс кæныны бюллетены уыд дыууæ кандидатурæйы - парти "Иугонд Ирыстоны" лидер Тадтаты Алан æмæ парти "Ныхас"-æй депутат Бесаты Зита
Sputnik

ЦХИНВАЛ,  20 июн -  Sputnik, Козаты Диана. Хуссар Ирыстоны парламенты ног спикерæй æвзæрст æрцыд Тадтаты Алан - уымæн радтой сæ хъæлæстæ депутатты фылдæр хай.

Цхинвалы цæуы æвдæм æрсидты паламенты сесси. Законмæ гæсгæ, фыццаг рабадт уадзы Централон ӕвзарӕн къамис, уым равзарынц парламенты спикеры.

Хуссар Иры парламенты депутаттæ æрæмбырд сты ног æрсидты фыццаг сессимæ

Хъæлæс кæныны бюллетены уыд дыууæ кандидатурæйы - парти "Иугонд Ирыстоны" лидер Тадтаты Алан æмæ парти "Ныхас"-æй депутат Бесаты Зита. Законмæ гæсгæ, хъæлæсæппæрст уыд сусæг.

Хуссар Ирыстоны 9 июны ацыдысты депутатты ӕвзӕрстытӕ, уыдон фӕстиуӕгӕн парламенты бынӕттӕ райстой фондз политикон парти ӕмӕ 17 иумандатоны.

Ӕвзӕрстыты фӕстиуӕгӕн ног парламенты фылдӕр бынӕттӕ ногӕй бацахста парти "Иугонд Ирыстон" - уый раста авд мандаты партион номхыгъдмӕ гӕсгӕ, авд та сты, партийы номӕй сӕхи чи раразмӕ кодта, уыдон. Дыккаг бынатыл ис "Адӕмон парти", ӕртыккагыл та "Ныхас". Афтӕ ма ног парламентмӕ бацыдысты "Дзыллӕйы иудзинад" ӕмӕ Коммунистон парти.