Хуссар Иры парламенты депутаттæ æрæмбырд сты ног æрсидты фыццаг сессимæ

© Sputnik / Диана КозаеваХуссар Иры парламенты депутаттæ æрæмбырд сты ног æрсидты фыццаг сессимæ
Хуссар Иры парламенты депутаттæ æрæмбырд сты ног æрсидты фыццаг сессимæ - Sputnik Хуссар Ирыстон
Рафыссын
Ног æрсидты фыццаг сессийыл равзардзысты парламенты спикеры, йæ хæдивджыты æмæ комитетты сæргълæуджыты

ЦХИНВАЛ,  20 июн -  Sputnik, Козаты Диана. Цхинвалы райдыдта æвдæм æрсидты паламенты сесси. Законмæ гæсгæ, фыццаг рабадт уадзы Централон ӕвзарӕн къамис, уым ма равзардзысты парламенты спикеры, йæ хæдивджыты æмæ комитетты сæргълæуджыты.

Традицимæ гæсгæ, сесси байгом кодта парламенты иууыл хистæр депутат Уалыты Роза. Уый раарфæ кодта ног æвзæрст депутаттæн æмæ сын йæ цæст бауарзта фæстиуæгджын куыст се 'взарджыты хæрзæбонæн.

Парламент - Sputnik Хуссар Ирыстон
Хуссар Иры ЦӔК снысан кодта ног парламенты фыццаг сессийы бон

"Адæм куы уыной, кæй сыл тыхсут, аудут, уæд уын сæ удтæ дæр ратдзысты. Махæй алкæмæн дæр мæ цæст уарзы ахæм куыст", - загъта уый.

Сессийы куысты ма хайад исынц президент Бибылты Анатолий, хицауады уæнгтæ, Хуссар Иры министрæдты æмæ уагдæтты сæргълæуджытæ.

Хуссар Ирыстоны 9 июны ацыдысты депутатты ӕвзӕрстытӕ, уыдон фӕстиуӕгӕн парламенты бынӕттӕ райстой фондз политикон парти ӕмӕ 17 иумандатоны.

Ӕвзӕрстыты фӕстиуӕгӕн ног парламенты фылдӕр бынӕттӕ ногӕй бацахста парти "Иугонд Ирыстон" - уый раста авд мандаты партион номхыгъдмӕ гӕсгӕ, авд та сты, партийы номӕй сӕхи чи раразмӕ кодта, уыдон. Дыккаг бынатыл ис "Адӕмон парти", ӕртыккагыл та "Ныхас". Афтӕ ма ног парламентмӕ бацыдысты "Дзыллӕйы иудзинад" ӕмӕ Коммунистон парти.

Ног хабӕртты лентӕ
0