Хуссар Иры МХМ иу къуыримæ æрцахста 5 адæймаджы гæны тыххæй

Барадхъахъхъæнæг органты кусджытæ фехъусын кодтой, кæй æрцахстой наркотикон буарадтæй æнæзакононæй пайдагæнджыты
Sputnik

ЦХИНВАЛ, 24 июн - Sputnik. Хуссар Ирыстоны мидхъуыддæгты министрад (МХМ) фехъусын кодта, ивгъуыд къуырийы республикæйы кæй æрцахстой фондз адæймаджы наркотикон буарад гæнæй æнæзакононæй пайда кæныны тыххæй.

Хуссар Ирыстоны цæрджытæм ссардтой гæн

Уымæй дарддæр ма, хъусын кæны уагдоны пресс-службæ, 17-24 июны республикæйы æрцыд дыууæ фыдракæнды, дыууæйы дæр раргом кодтой мидхъуыддæгты органты кусджытæ.

"Ивгъуыд къуыри ма бæстæйы фæндæгтыл æрцыд дыууæ аварийы, уыдон фæстиуæгæн цæфтæ райста иу адæймаг", - бафтыдтой министрады.

Иумæйагæй, Паддзахадон автоинспекцийы (ПАИ) кусджытæ рейдты рæстæджы сбæрæг кодтой фæндагон змæлды 226 фæткхалды. Дæс шофыры машинæ скъæрдтой нозтджынæй.