ЦХИНВАЛ, 24 июн — Sputnik. Мӕхъӕлы сӕргълӕууӕг Юнус-Бек Евкуров бахаста стыр хайбавӕрд регионы райрӕзтмӕ ӕмӕ ӕхсӕннацион ахастытӕ ӕрнывыл кӕнынмӕ. Уый тыххӕй Цӕгат Ирыстоны сӕргълӕууӕг Битарты Вячеслав ныффыста йӕ официалон фарсыл социалон хызӕджы Instagram.
Битарты Вячеслав равдыста ныфс, "Евкуровы дуг историмӕ кӕй бацӕудзӕн куыд ӕвӕрццаг ивындзинӕдты ӕмӕ райрӕзты рӕстӕгӕй".
"Уымӕн бирӕ сгуыхтдзинӕдтӕ ис, куыд политикон, афтӕ ӕфсӕддонтӕ дӕр. Хӕссы Уӕрӕсейы хъайтары кадджын ном. Ацы ӕмӕ ӕндӕр хорзӕхтӕ уый райста хӕстон архӕйдтыты йӕ хъӕбатырдзинады тыххӕй", - бафтыдта Битарты Вячеслав.
Мӕхъӕлы республикӕйы сӕргълӕууӕг Юнус-Бек Евкуров фехъусын кодта, кӕй бахатдзӕн Уӕрӕсейы президентмӕ, цӕмӕй йӕ ӕмгъуыдӕй раздӕр ссӕрибар кӕна йӕ бынатӕй.
Евкуров йӕ скъуыддзаг бабаста ӕхсӕнады ӕндыгъд уавӕримӕ.