Знауыры районы цæуы автомобилон фæндæгты реконструкци

Районы администраци 2019 азы фæнд кæны сцалцæг кæнын 11 фæндаджы, кæцытæ кæнынц хъæутæм
Sputnik

ЦХИНВАЛ, 27 июн - Sputnik, Гæбæраты Элина. Знауыры районы коммуналон службæтæ æрæвнæлдтой Хъорнисы хъæумæ фæндаг аразынмæ, фехъусын кодтой Sputnik районы администрацийы.

Аразджытæ фондз боны раст кæнынц фæндаджы уæлцъар.

"Бирæ æзты дæргъы фæндаг цалцæг нæ баййæфта æмæ æрцыд мæгуырау уавæрмæ. Йæ дæргъ у 3,5 километры бæрц, кусджытæн бантыст фæндаджы æмбис саразын", - банысан кодтой администрацийы.

Хъорнисы хъӕуы байгом сты ног скъола ӕмӕ культурӕйы хӕдзар

Ахæм куыстытæ цæудзысты Цъорбисы хъæуы ʻрдæм дæр.

"Уымæй дарддæр ма районы коммуналон службæтæ æрæвнæлдтой Дзуццаты сых æмæ райцентры иугæнæг хид цалцæг кæнынмæ", - загътой районы администрацийы.

Банысан æрцыд, районы коммуналон службæтæ кæй ракодтой цæрæн-коммуналон хæдзарады техникæ, цæмæй афоныл фæуой куыстытæ.