Цæгат Иры ахуыры райдайæн аргъæвтой 4 сентябрьмæ

Республикæйы хицауад арвыста æмбæлон барамынд æппæт дæлхайадон уагдæттæм
Sputnik

ЦХИНВАЛ, 28 июн - Sputnik. Закондæттынад, закъонад æмæ бынæттон хиуынаффæйады комитеты сæрдар Ортабайты Тимур фехъусын кодта Цæгат Иры ахуыры райдайæн фыццæгæмæй 4 сентябрьмæ ахæссыны тыххæй, хъусын кæны 15 Регион. Уый тыххæй хъусинаг уый сарæзта парламенты рабадты рæстæджы.

Президент радта бардзырд Хуссар Иры ахуыры азы райдайæн аргъæвыны фæдыл

"2019 азы 13 июны нæ советы æвзæрстам Цæгат Ирыстоны ахуыры азы райдиан 1-æм сентябрæй 4-æм сентябрьмæ аргъæвыны фарст. Бузныг зæгъын республикæйы хицауадæн — æркасты хатдзæгтæм гæсгæ фидаргонд æрцыд уынаффæ æмæ æрвыст æрцыдысты официалон бардзырдтæ æппæт дæлуагдонон уагдæттæм, фыстæджытæ муниципалон арæзтæдты сæргълæуджытæм ахуыры азы райдиан 4-æм сентябрьмæ ахæссыны тыххæй", — хъусын кæны агентад спикеры ныхæстæ.

Ортабайты Тимур ма куыд бахахх кодта, афтæмæй амынд фарсты фæдыл уыд бирæ куырдиæттæ æхсæнадон организацитæй.

"Фембæлдыстæм "Стыр Ныхас"-ы разамындимæ, уый дæр нæ разы уыцы фарст æвæры. æхсæнады хъуыды нымайын хъæуы, уæлдайдæр та, уыцы теракты хъыгдард чи баййæфта, уыцы адæмы æмæ сæ хæстæджыты хъуыды", — фыссы парламентариы ныхæстæ 15 регион.

Уæ зæрдыл уын лæууын кæнæм, ивгъуыд аз ахуыры райдайæн фæндзæм сентябрьмæ аргъæвтой Хуссар Иры.

1 сентябры 2004 азы террористæ бацахстой скъола Беслæны æмæ амынæты систой 1128 адæймаджы æмæ сæ дардтой æртæ боны дæргъы минæгонд спортивон залы. Теракты бабын ис 334 адæймаджы.