ЦХИНВАЛ, 16 авг — Sputnik. Хуссар Ирыстоны президент Бибылты Анатолий бафыста барамынд ахуыры райдайæн 1-æм сентябрæй фæндзæммæ аргъæвыны фæдыл, хъусын кæны паддзахады сæргълæууæджы пресс-службæ.
"Цæгат Ирыстоны горæт Беслæны æрцæугæ теракты амæттæгты номыл барамынд дæттын: 5 сентябрь сфидар кæнын ахуыры азы райдайæны бонæй Хуссар Ирыстоны æппæт ахуырадон уагдæтты", — дзырдæуы цыппæрæмы сфидаргонд бардзырды.
Уымæй размæ Ахуырады министрады хистæр Гасситы Натали фехъусын кодта Sputnik, ахуыры процесс Хусар Иры кæй райдайдзæн фондз бон фæстæдæр Беслæны 'рцæугæ трагедийы тыххæй, стæй ма 1 æмæ 2 сентябрь улæфт бонтæм кæй хауынц, уый хынцгæйæ.
1 сентябры 2004 азы террористтæ бацахстой Беслæны фыццæгæм скъола æмæ амынæты систой 1128 адæймаджы, уыдоны æртæ боны хъизæмарæй мардтой. Теракты фæстиуæгæн бабын ис 334 адæймаджы.