Хуссар Иры æфсæддонтæ цæуынц интенсивон цæттæдзинад хæхты

Сæрмагонд нысаниуæджы æфсæддонтæ аразынц бирæбонон марш-бросоктæ бæрзонд хæххон бынæтты
Sputnik

ЦХИНВАЛ, 2 июл - Sputnik. Хуссар Ирыстоны хъахъхъæнынады министрады сæрмагонд нысаниуæджы батальоны æфсæддонтæн цæуынц интенсивон ахуыртæ хæххон цæттæдзинады фæдыл.

Хуссар Иры æфсæддонтæ цæуынц интенсивон цæттæдзинад хæхты

Уагдоны пресс-службæ куыд хъусын кæны, афтæмæй тренировкæтæ цæуынц Хъахъхъæнынады министрады æфсæддон полигоны, хæххон районты æххæст экипировкæимæ, æхсæвæй-бонæй.

"Ахуырты рæстæджы батальоны сæрмагонд скондимæ кусынц хæххон ныхдуртæ иуварс кæныныл, хæцæнгарзæй эффективонæй пайда кæныныл хæххон уавæрты, хæстон архæйдтыты алыгъуызон фадæттыл", - дзырдæуы хъусинаджы.

Хуссар Иры æфсæддонтæ цæуынц интенсивон цæттæдзинад хæхты

Мадзæлтты райдайæны уал æфсæддонтæ сахуыр кодтой ног хæххон ифтонгадæй пайда кæнын, фæстæдæр та сын нывæзты ис бирæбонон марш-бросоктæ хæхтæм.