ПӔК радзырдта ӕрдӕг азмӕ Хуссар Иры арӕн фехалджыты тыххӕй

Паддзахадон ӕдасдзинады комитеты арӕнгӕрон службӕйы банысан кодтой, 2019 азы фыццаг хайы фехӕлдты нымӕц дыууӕ хатт фылдӕр кæй у, фарон азы аналогион периодмӕ абаргӕйӕ
Sputnik

ЦХИНВАЛ, 8 июл - Sputnik. Хуссар Ирыстоны паддзахадон арӕны алыгъуызон хӕйттыл 2019 азы фыццаг хайы ӕрцахстой 293 арӕнсӕттӕджы, уыдонӕй 120 фехӕлдтой паддзахадон арӕны режим, 173 та арӕнгӕрон режим. Республикӕйы Паддзахадон ӕдасдзинады комитеты (ПӔК) пресс-службӕйы банысан кодтой, фехӕлдты нымӕц дыууӕ хатты фылдӕр кӕй у 2018 азы аналогион периодмӕ абаргӕйӕ.

Дæсгай фæткхалджытæ: Хуссар Иры ПӔК фехъусын кодта Гуырдзыимæ арæны уавæр

Арӕнсӕтджыты ӕрбаздӕхтой административон бӕрнмӕ ӕмӕ ауагътой семӕ ӕмбарынгӕнӕн ныхас.

"Уый фӕстиуӕгӕн 176 адӕймаджы фӕивар кодтой, 16 адӕймаджы фӕивар кодтой ӕмӕ сӕ арвыстой РХИ территорийӕ, 21 адӕймаджы та арвыстой республикӕйы территорийӕ ӕнӕ ивар бафидынӕй", - дзырдӕуы хъусинаджы.

Иумӕйагӕй, арӕнсӕтджытӕ бафыстой республикӕйы бюджетмӕ ивар 663 мин сомы бӕрц.

ПӔК банысан кодтой, арӕнгӕрон службӕйы кусджытӕ кӕй ауагътой аст фембӕлды арӕнгӕрон цӕрӕг пунктты цӕрджытимӕ, цӕмӕй ауадзой семӕ ӕмбарынгӕнӕн ныхас ӕмӕ аскъуыддзаг кӕной цӕрджыты проблемӕтӕ.

Хуссар Ирыстоны ПӔК арӕнгӕрон службӕ радон хатт ӕрсидт республикӕйы цӕрджытӕ ӕмӕ уазджытӕм, цӕмӕй ӕххӕст кӕной РХИ арӕнгӕрон зонӕмӕ бацӕуын ӕмӕ уӕвыны фӕтктӕ.