Хуссар Ир ракуырдта Уӕрӕсейӕ уӕлӕмхасӕн бынӕттӕ ӕфсӕддон ахуыргӕнӕндӕтты

Конкурсон ӕвзӕрсты рӕстӕджы 130 претендентӕй фылдӕр равдыстой бӕрзонд фӕстиуджытӕ, уыдон сты дыууӕ хатты фылдӕр рахицӕнгонд бынӕттӕй уӕрӕсейаг ӕфйсӕддон ахуыргӕнӕндӕттӕм
Sputnik

ЦХИНВАЛ, 12 июл - Sputnik. Хуссар Ирыстоны Хъахъхъӕнынады министрады къухдариуӕгад кусы уӕлӕмхасӕн бынӕттӕ рахицӕн кӕныныл уӕрӕсейаг ӕфсӕддон ахуыргӕнӕндӕттӕм, хъусын кӕны хъахъхъӕнынадон уагдоны пресс-службӕ.

Хуссарирыстойнаг абитуриенттӕ цӕттӕ кӕнынц Уӕрӕсейы УУМ академимӕ ахуырмӕ

"Кандидатты ӕвзӕрст Уӕрӕсейы Хъахъхъӕнынады министрады 16 ӕфсӕддон ахуыргӕнӕндӕтты 78 бынатмӕ фӕцис ацы къуыри. Афтӕмӕй, ӕвзӕрсты рӕстӕджы 130 претендентӕй фылдӕр равдыстой бӕрзонд фӕстиуджытӕ. Уый фӕдыл Хъахъхъӕнынады министрады къухдариуӕгад аскъуыддзаг кодта бадзурын уӕрӕсейаг коллегӕтӕм, цӕмӕй рахицӕн кӕной уӕлӕмхасӕн бынӕттӕ уӕрӕсейаг ӕфсӕддон ахуыргӕнӕндӕттӕм", - дзырдӕуы хъусинаджы.

Уагдоны бафтыдтой, зӕгъгӕ, ӕвзӕрсты рӕстӕджы уӕлидзинад ис РХИ гарзджын тыхты ӕфсӕддонты сывӕллӕттӕн, РХИ Хъахъхъӕнынады министрады Кадетты скъолайы хъомылгӕнинӕгтӕн ӕмӕ ӕфсӕддонты сывӕллӕттӕн, кӕцытӕ фӕмард сты гуырдзиаг агрессийы рӕстӕджы.