Хуссарирыстойнаг абитуриенттӕ цӕттӕ кӕнынц Уӕрӕсейы УУМ академимӕ ахуырмӕ

© Пресс-служба МЧС РЮОХуссарирыстойнаг абитуриенттӕ цӕттӕ кӕнынц Уӕрӕсейы УУМ академимӕ ахуырмӕ
Хуссарирыстойнаг абитуриенттӕ цӕттӕ кӕнынц Уӕрӕсейы УУМ академимӕ ахуырмӕ - Sputnik Хуссар Ирыстон
Рафыссын
Хуссар Ирыстоны Уӕлвӕткон уавӕрты министрад райдыдта ӕвзарын рауагъдонты, кӕцыты фӕнды уӕлдӕр ахуырад райсын Уӕрӕсейы уӕлвӕткон уавӕрты ахуырадон уагдӕтты

ЦХИНВАЛ, 16 май - Sputnik. Хуссар Ирыстоны райдыдтой ӕвзарӕн фӕлварӕнтӕ скъолаты рауагъдонтӕн, кӕцыты фӕнды сӕ ахуыр адарддӕр кӕнын УФ УУМ уӕлдӕр ахуыргӕнӕндӕтты. Рауагъдонты ӕвзарынц хуссарирыстойнаг уӕлвӕткон уагдоны, се 'ххуысы къух сӕм фӕдаргъ кодта республикӕйы ахуырады министрад, хъусын кӕны РХИ УУМ пресс-службӕ.

© Пресс-служба МЧС РЮОХуссарирыстойнаг абитуриенттӕ цӕттӕ кӕнынц Уӕрӕсейы УУМ академимӕ ахуырмӕ
Хуссарирыстойнаг абитуриенттӕ цӕттӕ кӕнынц Уӕрӕсейы УУМ академимӕ ахуырмӕ - Sputnik Хуссар Ирыстон
Хуссарирыстойнаг абитуриенттӕ цӕттӕ кӕнынц Уӕрӕсейы УУМ академимӕ ахуырмӕ

Фӕлварӕнтӕ ӕнтыстджынӕй чи радта, уыдон афӕндараст уыдзыста ахуырмӕ ӕхсӕнадон хъахъхъӕнынады академи ӕмӕ УУМ Зынджы ныхмӕ службӕйы паддзахадон академимӕ. Уыдон ӕрвылбон дӕр рахицӕн кӕнынц цӕрмагонд бынӕттӕ хуссарирыстойнаг абитуриенттӕн.

Ацы аз хуссарирыстойнаг абитуриенттӕн академитӕ рахицӕн кодтой цаппар бынаты, тох сыл кӕнынц ӕхсӕз рауагъдоны. Ахуырмӕ бахауыны тыххӕй уыдон хъуамӕ равдисой сӕ зонындзинӕдтӕ уырыссаг ӕвзаг, математикӕ ӕмӕ физикӕйӕ. Фӕлварӕнтӕ исынц сӕрмагонд къамисы уӕнгтӕ.

"Мах ӕрвылаз дӕр уадзӕм фӕлварӕнтӕ раст ӕмӕ цӕсгомджынӕй, цӕмӕй нӕдӕр абитуриенттӕ, нӕдӕр сӕ ныййарджытӕ ма гуырысхо кӕной фӕстиуджытыл. Фӕхонӕм ныййарджыты фӕлварӕнтӕм дӕр ӕмӕ сын сӕ куыстытӕ куы раст кӕнӕм, уӕддӕр", - радзырдта Уӕлвӕткон уавӕрты министры фыццаг хӕдивӕг Бестауты Ацӕмӕз.

Уӕлдай хъусдард ма аздахдзысты рауагъдонты физикон цӕттӕдзинадмӕ дӕр - фӕлварӕтны фӕстӕ ма уыдонмӕ ӕнхъӕлмӕ кӕсынц нормативтӕ дӕр. Фӕлварӕнты дӕр ӕмӕ нормативтӕй дӕр фылдӕр баллтӕ чи райса, уыцы рауагъдонтӕ скуыдзысты Уӕрӕсейы УУМ  академиты курсанттӕ.

Ног хабӕртты лентӕ
0