Арт-тыгъдад "Портал"-ы фасад арæзт æрцæудзæн хæрзаудæн фæрæзтæй

"Портал"-ы ӕххуысӕн хæрзаудæн мадзæлтты æрæмбырд ис 50 мины бæрц
Sputnik

ЦХИНВАЛ, 16 июл – Sputnik, Плиты Фатимæ. Хуссар Иры столицæйы ацыд хæрзаудæн концерт æмæ армукъа-равдыст "Хиконд". Мадзалы фæрæзтæ – 50 мин сомы бæрц здæхт æрцæудзысты арт-тыгъдад "Портал"-ы фасады арæзтадмæ, фехъусын кодта Sputnik организатортæй иу Джиоты Къоста.

Арт-тыгъдад "Портал"-ы фасад арæзт æрцæудзæн хæрзаудæн фæрæзтæй

Мадзæлттæ ацыдысты Профцæдисты бæстыхайы майрӕмбоны.

"Бирæ адæм æрбацыд концертмæ, уый æнхъæл нæ уыдыстæм. Арт-тыгъдад "Портал"-ы ӕххуысӕн хæрзаудæн мадзæлтты æрæмбырд ис 50 мины бæрц. Фæрæзтæ здæхт æрцæудзысты арт-тыгъдады хӕрзарӕзтадӕн, фыццаг рады нæ фæнды саразын бæстыхайы фасад", - загъта Джиоты Къоста.

Уый ма зæрдыл æрлæууын кодта, ивгъуыд аз бархиуонтæ кæй бафснайдтой арт-тыгъдад "Портал" æмæ æххуысы фæрæзтæй раивтой йæ агъуыст.

Арт-тыгъдад "Портал"-ы фасад арæзт æрцæудзæн хæрзаудæн фæрæзтæй

"Портал"-ы ӕххуысӕн концерты ралӕууыдысты музыканттӕ Алла Кокион, Гуыцмӕзты Гога, Джиоты Люба, Гуыцмӕзты Инна, Дзигойты Марина, ансамбль "Къона" ӕмӕ ансамбль "Уацамонгӕ"-йы солист.

Ног арт-тыгъдады арӕзтад райдыдта Цхинвалы фарон апрелы.