Дзӕуджыхъӕу ӕмӕ Мӕздӕджы хсӕн сараздзысты фӕндаг дыууӕ миллиард сомӕй

Фӕндаджы арӕзтадӕн фӕрӕзтӕ рахицӕн кӕндзысты федералон бюджетӕй
Sputnik

ЦХИНВАЛ, 18 июл - Sputnik. Цӕгат Ирыстоны райдыдтой аразын фӕндаг Дзӕуджыхъӕу ӕмӕ Мӕздӕджы хсӕн, объекты аргъ у дыууӕ миллиард сомӕй фылдӕр, хъусын кӕны республикӕйы сӕргълӕууӕджы пресс-службӕ.

27 азы дӕргъы иунӕг маршрут, кӕцы иу кодта Мӕздӕджы район республикӕйы центримӕ, у фӕндаг Кӕсӕг-Балхъары территорийы уылты.

Дзӕуджыхъӕу ӕмӕ Мӕздӕджы хсӕн сараздзысты фӕндаг дыууӕ миллиард сомӕй

Республикӕйы ӕртыццӕджы райдыдтой фӕндаджы арӕзт, кӕцыйы дӕргъ уыдзӕн 57 километрӕй фылдӕр.

"Махмӕ раст нӕ каст, республикӕйы егъау районӕн кӕй нӕй комкоммӕ бастдзинад столицӕимӕ. Уый тыххӕй фӕзынд социалон-экономикон проблемӕтӕ дӕр, кӕцытӕ ӕндавынц адӕмы цардыл. Фӕлӕ фидӕн аз Джӕуджыхъӕуӕй Мӕздӕгмӕ фӕндаг уыдзӕн дыууӕ хатты цыбырдӕр", - банысан кодта церемонийы рӕстӕджы Цӕгат Ирыстоны сӕргълӕууӕг Битарты Вячеслав.

Дзӕуджыхъӕу ӕмӕ Мӕздӕджы хсӕн сараздзысты фӕндаг дыууӕ миллиард сомӕй

Регионы пресс-службӕйы банысан кодтой, Битарты Вячеслав кӕй банхъардта фӕндаг саразын 2018 азы, ацы темӕ уыд сӕйраг Уӕрӕсейы Федерацийы президент Владимир Путин ӕмӕ премьер-министр Дмитрий Медведевимӕ фембӕлды рӕстӕджы.

Фӕндагон куыстытӕн хъӕуы дыууӕ миллиард сомӕй фылдӕр, суммӕйы 95% рахицӕн кӕндзысты федералон бюджетӕй, иннӕ хай та республикон бюджетӕй.