Гасситы Мурӕты дебют уӕззау уӕзы аивтой

Гасситы-Давейко тох хъуамӕ ацыдаит 27 июлы америкайаг Арлингтоны. Тох уыдаит дебютон Гасситы Мурӕтӕн уӕззау уӕзы
Sputnik

ЦХИНВАЛ, 19 июл — Sputnik. Ирон боксер Гасситы Мурӕты тренер Сланты Виталий фехъусын кодта 15-ӕм Регионӕн, америкайаг Джоуи Давейкоимӕ тох кӕй аивтой Гасситы Мурӕты травмӕйы тыххӕй.

"Iron": Уæрæсейы боксы Федераци систа фильм Гасситы Мурӕтыл

Сланты Виталий банысан кодта, Гасситы Мурӕт кӕй ацӕудзӕн медицинон басгӕрст Германийы.

Уӕрӕсейы боксы Федерацийы генералон секретарь Умар Кремлев дӕр фехъусын кодта РИА Новости, Гасситы Мурӕт кӕй райста травмӕ ӕмӕ йын йӕ тох аивтой.

"Хъыгагӕн, Гасситы Мурӕт райста травмӕ ӕмӕ йын йӕ тох аивтой. Йӕ уӕхск риссы, ацӕудзӕн Германимӕ медицион басгӕрстмӕ. Хуыцау зӕгъӕт, цӕмӕй Мурӕтӕн алцыдӕр уа хорз йӕ ӕнӕниздзинадимӕ", - загъта Умарк Кремлев.

Ныхмӕлӕуджытӕ хъуамӕ фембӕлдаиккой 27 июлы Арлингтоны. Тох уыдаит дебютон Гасситы Мурӕтӕн уӕззау уӕзы.

Ирон боксер Гасситы Мурӕт бахӕццӕ Ӕппӕтдунейон боксы суперсерийы финалмӕ, цы ран 2018 азы июлы фембылд украинаг Александр Усикӕн. Финалон тохы фӕстӕ боксерӕн сарызтой операци йӕ уӕхскыл.