Хуссар Иры парламент бадзурдзӕн Паддзахадон думӕмӕ, цӕмӕй банымайой ирӕтты геноцид

Документы, кӕцы райстой депутаттӕ, дзырдӕуы сӕдӕ азы размӕ цауты тыххӕй, афтӕ ма дзы ис зианбаййафджыты статистикӕ
Sputnik

ЦХИНВАЛ, 19 июль - Sputnik, Козаты Диана. Хуссар Ирыстоны парламент аскъуыддзаг кодта бадзурын Уӕрӕсейы Паддзахадон думӕмӕ, цӕмӕй банымайой Хуссар Ирыстоны адӕмы геноцид, кӕцы сӕххӕст кодта Гуырдзыстон 1920 азы.

Уыдон лыгъдысты хӕстӕй: Хуссар Иры ссардтой Зары трагедийы амӕттӕгты рухс нӕмттӕ

Ацы фарстыл ӕрдзырдтой парламенты рабадтыл майрӕмбоны. Депутаттӕ сӕ куырдиаты проекты фехъусын кодтой сӕдӕ азы размӕ цауты тыххӕй, афтӕ ма ӕрхастой зианбаййафджыты статистикӕ.

Националон политикӕ, культурӕ, дин ӕмӕ ДИФ-ты фӕдыл парламентон комитеты сӕрдар Дьяконты Амиран банысан кодта, кӕй сӕм ис куырдиаты ӕртӕ варианты. Уый фӕдыл депутаттӕ аскъуыддзаг кодтой бакусын уыдоныл къуырисӕрмӕ, цӕмӕй райсой иунӕг документ.

Амӕйразмӕ Хуссар Ирыстоны фӕсарӕйнаг хъуыддӕгты министр радзырдта, 2020 азы Ирыстон кӕй нысан кӕндзӕн трагикон датӕ – 100 азы сӕххӕст уыдзӕн ирӕтты геноцидыл, кӕцыйы фӕстиуӕгӕн 1919-1920 ӕзты фӕмард сты фондз мин сабыр цӕрӕгӕй фылдӕр, 40 мин адӕймаг ныууагътой сӕ хӕдзӕрттӕ гуырдзиаг агрессийы фӕстиуӕгӕн.