Хуссар Иры ӕфсӕддонтӕ ӕрбаздахтой бынӕттон хицауады резервистты мобилизацимӕ

Резервистты мобилизаци ауадздзысты августы райдайӕны генералон штаб ӕмӕ гарзджын тыхты ахуырты фӕлгӕтты уӕрӕсейаг ӕфсӕддон базӕйы ӕфсӕддонты хайадистӕй
Sputnik

ЦХИНВАЛ, 24 июл - Sputnik. Хуссар Ирыстоны резервистты рӕвдзытӕм ӕрбаздахтой республикӕйы районон хицауады, уыдоныл ис бӕрн, цӕмӕй ӕрбакӕной резервистты нысангонд бынатмӕ, фехъусын кодта РХИ генералон штабы хистӕр Виктор Федоров.

Хуссар Иры Хъахъхъӕнынады министрад райдыдта цӕттӕ кӕнын резервистты рӕвдзытӕм

Июлы райдайӕны, президент Бибылты Анатолий бафыста барамынд ӕфсӕддон рӕвдзытӕ ауадзыны фӕдыл. Уыдон ацӕудзысты августы райдайӕны генералон штаб ӕмӕ гарзджын тыхты ахуырты фӕлгӕтты уӕрӕсейаг ӕфсӕддон базӕйы ӕфсӕддонты хайадистӕй. Генералон штабы хистӕр ауагъта рӕвдзытӕм цӕттӕкӕнынады фӕдыл рабадт, кӕцымӕ ӕрхуыдта районты разамонджыты, афтӕ ма президенты администраци, хицауад, тыхон структурӕтӕ ӕмӕ куыстуатты минӕвӕртты, хъусын кӕны хъахъхъӕнынадон уагдоны пресс-службӕ.

Генералон штабы хистӕр рабадты рӕстӕджы банысан кодта, мобилизаци ӕнтыстджын кӕй уыдзӕн, хайадисӕг органтӕ иууылдӕр хорз ӕмархайд куы кӕной, уӕд.

"Резервистты нысангонд бынӕттӕм хъуамӕ бакӕной районон администрацитӕ", - бахахх кодта Виктор Федоров.

Хуссар Иры ӕфсӕддонтӕ ӕрбаздахтой бынӕттон хицауады резервистты мобилизацимӕ

Йӕ ныхӕстӕм гӕсгӕ, Хъахъхъӕнынады министрады минӕвӕрттӕ цӕттӕ сты ӕмархайд кӕнын администрацитӕ ӕмӕ организациты разамонджытимӕ.