ЦХИНВАЛ, 24 июл - Sputnik. Паддзахадон унитарон куыстуат "Энергоресурс"-ы кусджытæ, кæцытæ кусынц газифтонгады фадыджы рацыдысты аттестаци экологон, технологон æмæ арæзтадон цæстдарды комитеты бындурыл, хъусын кæны хицуады пресс-службæ.
Комитеты сæрдар Къуылыхты Таймуразы ныхæстæм гæсгæ, республикæйы хъуамæ бавналой районтæм газ бауадзыны куыстытæм "Газпром"-имæ бадзырды фæлгæтты, уымæ гæсгæ кусджытæ хъуамæ уой цæттæ профессионалон æгъдауæй.
"Нæ специалисттæ æмгуыст кæндзысты сæ коллегатимæ "Газпром"-æй, аттестаци рацæуын у æмгуыстады уавæртæй иу. ""Энергоресурс"-ы æхсæз кусæджы радтой фæлварæнтæ сæудæджерадон æдасдзинады сæйраг фæтк æмæ нормæты фæдыл. Фæлварæнты фарстытæ бацæттæ кодта комитет æмæ сæ сфидар кодта Минюсты", -банысан кодта Къуылыхты Таймураз.
Аттестацийы фæстæ, "Энергоресурс"-ы кусджытæн сæ бон уыдзæн саразын аттестацион къамис аннæ кусджыты зонындзинæдтæ сбæлвырд кæнынæн.