Хуссар Иры хицауады сӕрдарӕн радзырдтой Паддзахадон техцӕстдарды куысты фӕстиуджыты тыххӕй

Уагдоны сӕргълӕууӕг радзырдта сӕ архайды тыххӕй республикӕйы арӕзтадон объекттыл, се хсӕн Инвестпрограммӕйы фӕлгӕтты объекттӕ
Sputnik

ЦХИНВАЛ, 26 июл — Sputnik. Экологон, технологон ӕмӕ арӕзтадон цӕстдарды комитеты сӕрдар Къуылыхты Таймураз радзырдта премьер-министр Пухаты Эрикӕн куысты фӕстиуджыты тыххӕй 2019 азы ӕхсӕз мӕймӕ, хъусын кӕны хицауады пресс-службӕ.

Къуылыхты Таймуразы ныхӕстӕм гӕсгӕ, уагдон уадзы цӕстдарды куыст нывӕзтмӕ гӕсгӕ ӕмӕ ӕндӕр органты куырдиатӕй.

"Ӕххӕст кодтам цӕстдарды мадзӕлттӕ арӕзтадон куыстытӕм, кӕцытӕ уагъд цӕуынц Хуссар Ирыстоны, се хсӕн Инветспрограммӕйы объекттыл дӕр. Фиппаинӕгты фӕдыл сарӕзтам басгӕрсты акттӕ, цӕмӕй сӕ аиуварс кӕной", - загъта комитеты сӕрдар.

Басгӕрсты ӕрмӕджытӕ арвыстой къамистӕм ӕркастмӕ.

Техцӕстдарды сӕргълӕууӕг: Хуссар Иры фӕфылдӕр ис арӕзтадон куыстыты гъӕд

Пухаты Эрик банысан кодта, республикӕйы нырма кӕй ис проблемӕтӕ, кӕцытӕ хъӕуы аиуварс кӕнын, се хсӕн ӕнӕзаконон бырондӕттӕ, хъӕд ӕмӕ доны ресурстӕ бавӕрын.

"Ацы архайды хъӕуы ӕххӕст кӕнын лӕмбынӕг куыст республикӕйы цӕрджытимӕ ӕмӕ дзыллон информацион фӕрӕзтимӕ, уый баххуыс кӕндзӕн ӕххӕст кӕнын уагдоны хӕслӕвӕрдтӕ", - загъта хицауады сӕрдар.