Хуссар Иры хъæутæй иуы арæзт цæуы медпункт

Хосгæнæн уагдон ратдзысты эксплуатацимæ ацы аз фæззæджы
Sputnik

ЦХИНВАЛ, 29 июл — Sputnik, Плиты Фатимæ. Знауыры районы Хъорнисы хъæуы бавнæлдтой медицинон æххуысы пункты арæзтадмæ. Хосгæнæн уагдон арæзт цæуы республикæйы 2012 азæй фæстæмæ цы ФАПтæ æвæрд цыдысты, уый æнгæс, фехъусын кодта Sputnik Знауыры районы цæрæн-коммуналон хæдзарады прораб Тасойты Алан.

Агентады ныхасæмбалы ныхæстæм гæсгæ, хосгæнæн уагдон ратдзысты эксплуатацимæ ацы аз фæззæджы.

"Нырмæ ссыгъдæг кодтам Хъорнисы хъæуы центры фидæны арæзтады фæзуат, къуырисæры бавналдзыстæм арæзтадмæ. Бæстыхай хъуамæ сцæттæ уа ацы аз октябрьмæ", - загъта Тасойты Алан.

Улӕфт боны маршрут: Цхинвал-Знаур-Терегуан-Дзагъина-Бехъмар- Хъорнис

Арæзтады къухдариуæггæнæджы ныхæстæм гæсгæ, агъуыст амад цæудзæн хъæуы культурæйы хæдзары фарсмæ. Ахæм уынаффæ хаст æрцыд хъæуы фæсивæдимæ баныхасты фæстæ.

"Фыццаг фæнд кодтам цæмæй медпункт арæзт æрцыдаид йæ раздæры бынаты СФХ цыртмæ хæстæг, фæлæ фæсивæд цæхгæр ныхмæ рацыд", - балхынцъ кодта уый.

Медицинон пункт Хъорнисы хъæуы уыдзæн 70 квадратон метры бæрц.