Цӕгат Иры туристы фӕдыл бакодтой уголовон хъуыддаг Дӕргъӕвсы некрополы фотосессийы тыххӕй

Туристон объектмӕ балцы рӕстӕджы, ӕвзонг лӕппу райста сӕргӕхцтӕ зӕппадзтӕй, систа семӕ нывтӕ ӕмӕ ныммыхуыр кодта къамтӕ социалон хызӕгты
Sputnik

ЦХИНВАЛ, 30 июл — Sputnik. Цӕгат Ирыстоны барадхъахъхъӕнӕг органтӕ бакодтой уголовон хъуыддаг Пятигорскы цӕрӕджы фӕдыл, кӕцы сӕххӕст кодта вандализмы акт "Мӕрдты горӕт"-ы территорийыл Цӕгат Ирыстоны, хъусын кӕны республикӕйы Мидхъуыддӕгты министрады (МХМ) пресс-службӕ.

Туристон объектмӕ балцы рӕстӕджы, ӕвзонг лӕппу райста сӕргӕхцтӕ зӕппадзтӕй, систа семӕ нывтӕ ӕмӕ ныммыхуыр кодта къамтӕ социалон хызӕгты.

"Архитектурон-этнографион комплекс "Мӕрдты горӕт"-мӕ балцы рӕстӕджы, турист сӕххӕст кодта ӕнӕфсарм митӕ, райста сӕргӕхцтӕ зӕппадзтӕй, систа семӕ нывтӕ ӕмӕ ныммыхуыр кодта къамтӕ йӕ фарсыл Instagram-ы", - дзырдӕуы хъусинаджы.

Полицийы кусджытӕ сбӕрӕг кодтой, цауы хайадисӕг кӕй у Пятигорскы 18-аздзыд цӕрӕг. Ӕвзонг лӕппуйы фӕдыл бакодтой уголовон хъуыддаг.

"Мӕрдты горӕт" Дӕргъӕвсы ногӕй бакодтой туристтӕн

Дӕргъӕвс у хъӕу Цӕгат Ирыстоны Горӕтгӕрон районы. Хъӕуы цур территорийыл цардысты адӕм бронзӕйы ӕнусӕй фӕстӕмӕ. Хъӕу хъӕздыг у алыгъуызон архитектурон цыртдзӕвӕнтӕй, зындгонд у хӕстон мӕсгуытӕй ӕмӕ "Мӕрдты горӕт"-ӕй, кӕцыйы ис 97 зӕппадзы. "Мӕрдты горӕт" у Цӕгат Ирыстоны иууыл цымыдисондӕр историкон фендтаг бынӕттӕй иу.