Медицинон ӕххуыс ӕмӕ цӕрӕнуаты цалцӕг: РХИ президент райста ӕмбӕстӕгты

Ӕмбӕстӕгтӕ бацыдысты президентмӕ фарстытимӕ, кӕцыты хсӕн уыдысты царды уӕззау уавӕртӕ ӕмӕ цӕрӕнуаты цалцӕг, кӕцы ныппырх ис гуырдзиаг агрессийы рӕстӕджы
Sputnik

ЦХИНВАЛ, 31 июл - Sputnik. Хуссар Ирыстоны президент Бибылты Анатолий ауагъта ӕмбӕстӕгты ӕнӕнывӕзтон райст, хъусын кӕны паддзахады сӕргълӕууӕджы пресс-службӕ. Иумӕйагӕй Бибылты Анатолий райста 24 ӕмбӕстаджы.

Хуссар Иры президент радта ХИПУ-йы студенттӕн сӕрмагонд стипендитӕ

"Проблемӕты хай, кӕцытӕ фехъусын кодтой райсты рӕстӕджы, уыдысты баст царды уӕззау уавӕртыл, афтӕ ма экстренон ӕмӕ квалификацигонд медицинон ӕххуысыл. Бибылты Анатолий радта ӕмбӕлгӕ фӕдзӕхсттӕ", - дзырдӕуы хъусинаджы.

Афтӕ ма ӕмбӕстӕгтӕ дзырдтой цӕрӕнуат сцалцӕг кӕныны фарстыл, кӕцы ныппырх ис гуырдзиаг агрессийы рӕстӕджы.

Президенты пресс-службӕ фехъусын кодта, ныртӕккӕ арӕзт кӕй цӕуы 80 хӕдзары, кӕцытӕ ныппырх сты 2008 азы. 2020 азмӕ куыстыты нывӕзт арӕзт цӕудзӕн ӕмбӕстӕгты куырдиӕттӕ ӕмӕ алкӕцы хӕдзары уавӕры басгӕрсты фӕстиуджытӕм гӕсгӕ.