Цӕрӕгойты низтимӕ Хуссар Иры тох кӕндзӕн ног сӕрмагонд уагдон

"Югоссельхознадзор"-ы сӕргълӕууӕг радзырдта Sputnik ног уагдоны тыххӕй - арӕзт ӕрцыд "Цхинвалы районы станц цӕрӕгойты низты ныхмӕ тох кӕныны фӕдыл"
Sputnik

ЦХИНВАЛ, 31 июл - Sputnik, Гӕбӕраты Элина. Хуссар Ирыстоны сарӕзтой паддзахадон бюджетон уагдон "Цхинвалы районы станци цӕрӕгойты низты ныхмӕ тох кӕныны фӕдыл". Ног уагдонмӕ кусджыты бакодтой Хуссар Ирыстоны ветеринарон ӕмӕ фитосанитарон цӕстдарды службӕ "Югоссельхознадзор"-ӕй.

Хуссар Иры æруынаффæ кодтой æрранизы ныхмæ хосты цухдзинадыл

Службӕйы сӕргълӕууӕг Мӕргъиты Алан радзырдта Sputnik, ацы мадзал кӕй уыд тынг ӕнӕмӕнгхъӕуӕг, уымӕн ӕмӕ столицӕйы нӕй ветстанци, фӕлӕ ис кусджытӕ, кӕцытӕ кодтой ветеринарон ӕххуыс Цхинвалы территорийыл.

Уый ма банысан кодта, нырма кӕй хъавыдыста саразын паддзахадон ветеринарон станци.

"Ветстанци уыдаид столицӕйы администрацийы дӕлбар. Фӕлӕ нырма уымӕн уавӕртӕ нӕй. Уымӕ гӕсгӕ уал райстам компромисон скъуыддзаг - ахизын кодтам горӕты ветстанцийы кусджыты Цхинвалы районы ветеринарон службӕмӕ, уымӕн ӕмӕ сӕ бӕстыхай ис горӕты территорийыл", - бамбарын кодта Мӕргъиты Алан.

Йӕ ныхӕстӕм гӕсгӕ, авд специалисты кусдзысты "Цхинвалы районы станцийы цӕрӕгойты низты ныхмӕ тох кӕныны фӕдыл".