Хуссарирыстойнаг курсанттӕ райстой УФ МХМ Краснодайраг университеты дипломтӕ

Рауагъдонтӕн ахуыр ӕнтыстджынӕй фӕуыны фӕдыл раарфӕ кодтой Хуссар Ирыстоны мидхъуыддӕгты министрады минӕвӕрттӕ Джиоты Созыр ӕмӕ Сиукъаты Артур
Sputnik

ЦХИНВАЛ, 1 авг — Sputnik. Уӕрӕсейы мидхъуыддӕгты министрады Краснодайраг университеты уагъд ӕрцыд рауагъдонтӕн дипломтӕ раттыны цытджын церемони. Се 'хсӕн уыдысты 19 хуссарирыстойнаг рауагъдоны дӕр, кӕцыты ахуырмӕ арвыста РХИ мидхъуыддӕгты министрад 2014 азы, хъусын кӕны МХМ пресс-службӕ.

Куыд бацӕуӕн ис уӕрӕсейаг ахуыргӕнӕндонмӕ: Хуссар Иры МХМ исы куырдиӕттӕ

Рауагъдонтӕн ахуыр ӕнтыстджынӕй фӕуыны фӕдыл министры номӕй раарфӕ кодтой Хуссар Ирыстоны мидхъуыддӕгты министрады минӕвӕрттӕ Джиоты Созыр ӕмӕ Сиукъаты Артур.

"Специалисттӕн лӕвӕрд ӕрцыд квалификацион ном "юрист" ӕмӕ сӕрмагонд цинтӕ - милицийы лейтенанттӕ. Тагъд рӕстӕджы ӕвзонг специалисттӕ баххӕст кӕндзысты министрады дӕлхайӕдтӕ ӕмӕ ӕрӕвналдзысты сӕ хӕстӕ ӕххӕст кӕнынмӕ", - банысан кодта Джиоты Созыр.

Ацы аз тыхон структурӕты хаххыл Хуссар Ирыстон райста 22 квотӕйы Уӕрӕсейы МХМ уӕлдӕр ахуыргӕнӕндӕттӕм.