Хуссар Ир ӕмӕ Уӕрӕсейы ӕфсӕддонтӕ бакуыстой оперативон къордты ӕмгуыстадыл

Хуссар Иры хъахъхъӕнынады министрад ӕмӕ 4-ӕм уӕрӕсейаг базӕйы ӕфсӕддонтӕ ауагътой командон-штабон ахуыртӕ
Sputnik

ЦХИНВАЛ, 2 авг - Sputnik. Хуссар Ирыстоны Гарзджын тыхты Генштабы оперативон къорд хайад райста командон-штабон тренировкӕйы 4-ӕм уӕрӕсейаг ӕфсӕддон базӕимӕ, хъусын кӕны республикӕйы Хъахъхъӕнынады министрады пресс-службӕ.

"Командон-штабон ахуыртӕ уагъд цыдысты цалдӕр боны дӕргъы, сӕ сӕргъ лӕууыд Хуссар ӕфсӕддон зылды ӕфсӕдты штабы хистӕр", - дзырдӕуы хъусинаджы.

Тренировкӕты нысан у дыууӕ ӕфсӕддон уагдоны иумӕйаг цӕттӕдзинады нывӕзт сӕххӕст кӕнын.

Иумӕйаг ахуыртӕ оперативон къордтӕн уагъд цӕуынц ӕппынӕдзух, уыдон ахъаз сты ӕмгуыстады ӕвӕзад фӕбӕрзонддӕр кӕнынӕн ӕмӕ ӕдасдзинады иумӕйаг контур сфидар кӕнынӕн, бафтыдтой уагдоны.