"Иугонд Алани"-йы сӕргълӕууӕг "iВолга 2.0" форумы тыххӕй: мах бакуыстам 15 проектыл

Ныртӕккӕ проекттӕм хъӕуы ӕркӕсын Хуссар Ирыстоны къухдариуӕгадимӕ, банысан кодта Коцты Михаил
Sputnik

ЦХИНВАЛ, 9 авг - Sputnik, Гӕбӕраты Ян. Ӕхсӕнадӕмон фӕсивӕдон форум "iВолга 2.0"-ы ӕвдӕм фембӕлды рӕстӕджы бакодтой стыр куыст, цӕмӕй сфидар кӕной дыууӕварсон бастдзинӕдтӕ, фехъусын кодта Sputnik брифингыл хуссарирыстойнаг республикон фӕсивӕдон организаци "Иугонд Алани"-йы сӕргълӕууӕг Коцты Михаил.

"Форумы уыд цалдӕр фӕзуаты, махӕн уыд иумӕйаг фӕзуат Киргизи, Узбекистан, Молдави ӕмӕ ӕввахс фӕсарӕнты ӕндӕр бӕстӕтимӕ", - радзырдта Коцты Михаил.

Йӕ ныхӕстӕм гӕсгӕ, форумы сӕйраг хӕслӕвӕрдты хсӕн уыд сфидар кӕнын ӕхсӕнадӕмон бастдзинӕдтӕ ӕмӕ саразын иумӕйаг проекттӕ.

РХИ æмæ УФ фæсивæдон организацитæ радзырдтой се 'мгуыстады нывæзтыл

"Мах бакуыстам стыр проекттыл, кӕцытӕм ныр хъӕуы ӕркӕсын нӕ бӕстӕйы къухдариуӕгадимӕ. Фидӕны сӕ мах бавдисдзыстӕм ӕндӕр фӕзуатты дӕр", - загъта Коцты Михаил.

Фӕсивӕдон организацийы лидер бафтыдта, зӕгъгӕ, ацы форумы хайадисты руаджы сын фӕзынд фылдӕр бастдзинӕдтӕ ӕввахс фӕсарӕнты бӕстӕты минӕвӕрттимӕ.

"Нӕ пайдаджын ӕмгуыстад уыдзӕн ӕппӕт регионы райрӕзты бындур", - бахахх кодта Коцты Михаил.

2019 азы Уӕрӕсейы фӕсивӕдон форум "iВолга 2.0" ацыд ног форматы ӕмӕ аххӕссыд нырыккон фӕсивӕды райрӕзты алкӕцы фадыгыл дӕр.