РХИ æмæ УФ фæсивæдон организацитæ радзырдтой се 'мгуыстады нывæзтыл

© Sputnik / Наталья Айриян"Иугонд Алани" æмæ "Молодая гвардия": пресс-конференци
Иугонд Алани æмæ Молодая гвардия: пресс-конференци - Sputnik Хуссар Ирыстон
Рафыссын
"Молодая Гвардия" æмæ "Иугонд Аланийы" хсæн æмгуыстады фæлгæтты 2019 азы нывæндынц ауадзын цæгат æмæ хуссары фæсивæды форум

ЦХИНВАЛ, 22 ноя — Sputnik, Плиты Фатимæ. Ӕппæтуæрæсейон æхсæнадон-политикон фæсивæдон организаци "Молодая гвардия Единой России" æмæ хуссарирыстойнаг фæсивæдон организаци "Иугонд Алани"-йы минæвæрттæ æрдзыдтой Цхинвалы дыууæ бæстæйы ʻхсæн фæсивæды æмархайды фадæттыл, сæ куысты дарддæры нывæзтыл æмæ рбалæугæ азы цы иумæйаг ахуырадон проекттæ æрцæудзæн æххæст, уыдæттыл.

"Мах æмгуыстад куы срæвдз кодтам, уæд æй бамбæрстам, нæ фæсивæд иу у – сæ менталитет, сæ цæстæнгас. 2019 азæй фæстæмæ цыдæриддæр мадзæлттæ æмæ ахуырадон проекттæ æххæст цæуынц, уыдоны се ʻппæты дæр мах æнхъæлмæ кæсæм нæ коллегæтæм Хуссар Ирæй. Мах куыд æппæтуæрæсейон организаци афтæ алцыдæр сараздзыстæм, цæмæй Хуссар Иры фæсивæд æнкъара не ʻххуыс", — загъта "Молодая Гвардия"-ы координацийы советы сæрдар Денис Давыдов сæ пресс-конференцийы Цхинвалы.

Уæрæсейаг фæсивæдон организацийы минæвæртты æрцыды фæлгæтты æруынаффæ кодтой Ирыстоны хуссар æмæ цæгаты æмархайдыл дæр.

Иугонд Алании æмæ Молодая гвардия: пресс-конференци  - Sputnik Хуссар Ирыстон
Ирыстон æмæ Уæрæсейы фæсивæд схиздзысты Хуссар Иры бæрзонддæр хохмæ

"Фæсивæды ʻхсæн куыст уадзыны фадæттæ ис куыд æфцæгы хуссар хай, афтæ цæгатварс дæр. Хуссар Иры фæсивæдæй тынг бирæ ахуыр кæны РЦИ-Аланийы уæлдæр ахуыргæнæндæтты. Цалдæр азы размæ ауагътам иумæйаг форум дæр. Мах Коцты Михаилимæ ныхас кодтам Цæгат æмæ Хуссар Ирыстоны фæсивæды форум æрвылазон скæныны фадæттыл. Абон æз "Молодая Гвардия"-йы сконды ардæм æрцыдтæн уый нысанæн", — загъта æппæтуæрæсейон æхсæнадон-политикон фæсивæдон организаци "Молодая гвардия Единой России "-ы цæгатирыстойнаг регионалон хайады хистæр Саулохты Сæрмæт.

Уый зæрдыл æрлæууын кодта, дыууæ бæстæйы фæсивæдон организациты æмархайды фæлгæтты мыхуыр кæй æрцыд 1945 азы газет "Правда"-йы номыр æмæ парахат цыд Хуссар Иры Стыр Уæлахизы бон.

"Ноджы нæм тынг бирæ проекттæ æмæ хъуыдытæ ис, фылдæр бæрцæй уыдон баст сты фæсивæды хъусдард бæстæйы проблематæ аскъуыддзаг кæнынмæ аздахыныл, стæй ма ахуырадон программæтæм, цæмæй нæ минæвæрттæ архайой Уæрæсеы форумты", – загъта Коцты Михаил.

© Sputnik / Наталья Айриян"Иугонд Алани" æмæ "Молодая гвардия": пресс-конференци
РХИ æмæ УФ фæсивæдон организацитæ радзырдтой се 'мгуыстады нывæзтыл - Sputnik Хуссар Ирыстон
"Иугонд Алани" æмæ "Молодая гвардия": пресс-конференци

Парти "Иугонд Уæрæсейы" æппæтуæрæсейон æхсæнадон-политикон фæсивæдон организаци "Молодая гвардия"-йы минæвæрттæ æмæ регионалон хайæдты уæнгтæ æрцыдысты Хуссар Ирмæ. Ӕртыццæджы Цхинвалы уыдон сарæзтой фильм "Не время для героизма"-йы гом равдыст.

Ног хабӕртты лентӕ
0