Ирон дзюдоисткӕ ссис Европӕйы Кубокы уӕлахиздзау

Хуыбылты Ирэна ауагъта фондз фендтаг тохы ӕхсӕнадӕмон турниры
Sputnik

ЦХИНВАЛ, 12 авг — Sputnik. Ирон дзюдоисткӕ Хуыбылты Ирэна рамбылдта сыгъзӕрин майдан Еропӕйы Кубокы Румынийы, хъусын кӕны газет "Слово".

Хуыбылты Ирэна ауагъта фондз фендтаг тохы ӕхсӕнадӕмон турниры.

Ирон хъӕбысӕйхӕцӕг ссис ӕхсӕнадӕмон турниры уӕлахиздзау

Спортсменкӕ банысан кодта, ерыстӕ йын кӕй уыдысты ахсджиаг, уымӕн ӕмӕ уыдысты ӕвзарӕн Европӕйы фыццагадмӕ, кӕцы ацӕудзӕн сентябры Финляндийы.

Хуыбылты Ирэна бафтыдта, зӕгъгӕ, дӕргъвӕтин фӕурӕды тыххӕй уый тыхстис, фӕлӕ йын уӕддӕр бантыст йӕхи хорз равдисын.

Фарон Хуыбылты Ирэна рамбылдта сыгъзӕрин майдан ӕвзӕнгты олимпиаг хъӕзтыты, афтӕ ма ссис Европӕйы фыццагады уӕлахиздзау.