Ирон хъӕбысӕйхӕцӕг ссис ӕхсӕнадӕмон турниры уӕлахиздзау

Соттиты Асланбегӕй дарддӕр ма ноджы цыппар ирон спортсмены рамбылдтой хорзӕхтӕ турниры
Sputnik

ЦХИНВАЛ, 12 авг — Sputnik. Соттиты Асланбег рамбылдта сыгъзӕрин майдан ӕртӕ хатты Олимпиаг чемпион Александр Медведы призтыл ӕхсӕнадӕмон турниры уӕгъдибар хъӕбысхӕстӕй Минскы, хъусын кӕны 15-ӕм регион.

Ирон богал Джиоты Дмитрий рамбылдта ӕхсӕнадӕмон турнир

Соттиты Асланбег ссис иууыл хуыздӕр 92 килограмм уӕзы категорийы. Финалон тохы ирон спортсмен рамбылдта йӕ ныхмӕлӕууӕджы Белоруссийӕ Иван Янковскийы.

Уымӕй дарддӕр ма ноджы цыппар ирон спортсмены рамбылдтой хорзӕхтӕ турниры.

Будайты Сосланбег (74 кг) рамбылдта ӕвзист майдан, финалы уый уӕззау тохы фембылд Бекзод Абдурахмоновӕн Узбекистанӕй.

Тускъаты Азӕмӕт (57 кг), Хынцӕгты Сослан (125 кг) ӕмӕ Колыты Георгий (65 кг) рамбылдтой ерысты бронзӕйы майдантӕ.