Къостайы тыххæй лекци æмæ фатæй æхсын: фыццаг бон Хуссар Иры "Этнолагеры"

Фæсивæдæн лагерь байгом паддзахадон комплексон нысанмæздæхт нывæзт "Хуссар Ирыстоны рæзгæ фæлтæры монон-фæткон хъомылад"-ы фæлгæтты
Sputnik

ЦХИНВАЛ, 13 авг - Sputnik. "Этнолагеры" архайджытæ, кæцы бон раздæр байгом Хуссар Ирыстоны Дзауы районы, байхъуыстой лекцимæ ирон литературæйы фæдыл, уый фæстæ та фехстой фат æмæ æрдынæй Къалаты Нариманы къухдариуæгады бын.

"Сывæллæттæн бакастысты лекци Къостайы цард æмæ сфæлдыстады тыххæй. Фæсивæд активонæй дзуапп дæтта фарстытæн æмæ хайад иста алыгъуызон темæтыл дискусситы. Фæссихор уыдон фехстой фат æмæ æрдынæй, уый фæстæ та, суанг æхсæвæры онг, æвзонг адæм хъазыдысты алыгъуызон цымыдисон хъæзтытæй", - радзырдтой мадзалы организатортæ лагеры фыццаг боны тыхæй.

Хуссар Иры Дзауы районы байгом ис "Этнолагерь"

Фæсивæд сæхæдæг дæр банысан кодтой, стыр цымыдисимæ кæй байхъуыстой лекцимæ æмæ фехстой æрдынæй. Изæры,æхсæвæры фæстæ та сын равдыстой зонадон-популярон æмæ аивадон фильмтæ.

Лагеры хайадисджытæ уайтагъддæр схæлар сты æмæ æнæрхъæцæй æнхъæлмæ кæсынц радон мадзæлттæм, банысан кодтой фæсивæдон политикæ, спорт æмæ туризмы комитеты пресс-службæйы. Лагерь адарддæр уыдзæн 16 августы онг.