ЦХИНВАЛ, 14 авг – Sputnik, Козаты Диана. Сырх Дзуары Ӕхсӕнадӕмон Комитет дарддӕр кусы, цӕмӕй ссара гоймӕгты, кӕцытӕ ӕбӕрӕгӕй фесӕфтысты Хуссар Ирыстоны хӕстыты рӕстӕджы 1989-1992 ӕмӕ 2008 ӕзты.
Цхинвалы организацийы офисы банысан кодтой, ацы здӕхт кӕй у Сырх Дзуары комитеты иууыл сӕйрагдӕр приоритеттӕй иу. Ӕбӕрӕгӕй фесӕфджыты ӕхсӕнадӕмон боны размӕ Сырх Дзуары комитеты ӕхсӕнадимӕ бастдзинӕдты кусӕг Тедеты Марина радзырдта Sputnik, цы куыст ӕххӕст кӕнынц ацы здӕхты.
"Организацийӕн ис иудадзыг диалог хицауады ӕмбӕлгӕ структурӕтимӕ ӕмӕ ӕбӕрӕгӕй фесӕфджыты бинонтимӕ", - загъта Тедеты Марина.
Йӕ ныхӕстӕм гӕсгӕ, ацы процессы рӕстӕджы организаци ауагъта тренинг Хуссар Ирыстоны хицауад ӕмӕ ӕнӕхицауадон организаци "Память и надежда"-йы минӕвӕрттӕн биологон хуызӕгтӕ ӕмбырд кӕныны фӕдыл.
"Тренингы фӕстӕ хайадисджытӕ абалц сты Цӕгат Ирыстонмӕ, цӕмӕй ӕрӕмбырд кӕной биологон хуызӕгтӕ ӕбӕрӕгӕй фесӕфджыты бинонтӕй. 2019 азы январь-июны ӕрӕмбырд кодтой 29 хуызӕджы, афтӕмӕй хуызӕгты иумӕйагӕй сты 175", - радзырдта Тедеты Марина. Хуызӕгтӕ иууылдӕр арвитынц хӕдбар фӕсарӕйнаг лабораторитӕм – Хорвати ӕмӕ Австримӕ, цы ран сын ауадзынц ӕнӕмӕнгхъӕугӕ басгӕрст.
Тедеты Марина бафтыдта, зӕгъгӕ, ингӕнты бынӕтты агуырд у тынг ахсджиаг, ӕмӕ Сырх Дзуары комитет ӕрсидт алкӕмӕдӕр, кӕмӕ ис информаци, бадзурын Сырх Дзуары комитеты офисмӕ.
Афтӕ ма Сырх Дзуар ӕххуыс кӕны ӕбӕрӕгӕй фесӕфджыты бинонтӕн. Ацы аз февраль ӕмӕ марты организацийы ӕххуысӕй уыдонӕн сорганизаци кодтой дыууӕ мысӕн мадзалы.
"Февралы бинонтӕ бабӕрӕг кодтой спектакль ӕмӕ Националон драмон театры баконд. Марты цалдӕр бинонтӕ ӕрӕмбырд сты Ӕхсӕнадӕмон сылгоймӕгты бӕрӕгбоны цытӕн. Ӕндӕр мадзӕлтты хайад райстой 53 бинонтӕ", - радзырдта Тедеты Марина.
Ацы аз традицимӕ гӕсгӕ Сырх Дзуары Ӕхсӕнадӕмон Комитет цӕттӕ кӕны программӕ ӕбӕрӕгӕй фесӕфджыты бонмӕ, кӕцы нысан кӕнынц 30 августы.