Sputnik балӕууыд Сырх Дзуары акцийы фарсмӕ Ӕбӕрӕгӕй фесӕфджыты бонмӕ

© Sputnik / Александр Демьянчук /  Ахизын медиабанкмæСывӕллоны ныв, архивон къам
Сывӕллоны ныв, архивон къам - Sputnik Хуссар Ирыстон
Рафыссын
Ӕрвылаз Ӕбӕрӕгӕй фесӕфӕг адӕмы боны Сырх Дзуары Ӕхсӕнадӕмон Комитет уадзы мадзӕлттӕ сӕ хиуӕттӕн ӕмӕ ӕввахс адӕмӕн

ЦХИНВАЛ, 30 авг — Sputnik пресс-службӕ. Акци, кӕцы у нывонд Ӕбӕрӕгӕй фесӕфӕг адӕмы бонӕн, уагъд ӕрцӕудзӕн 30 августы, цыппӕрӕмы, 11.00 сахатыл, цхинвайлаг кафе Vincenzo-йы сӕрдыгон верандӕйыл. Мадзалы фӕлгӕтты сорганизаци кӕндзысты сфӕлдыстадон ӕрмадз ӕбӕрӕгӕй фесӕфджыты бинонты сывӕллӕттӕн.

Автомобили Международного Комитета Красного Креста - Sputnik Хуссар Ирыстон
Цхинвалы расидтысты æбæрæг сæфт адæмы агуырды кампани

Ӕрмадзы куысты хайад райсыны бар ис алкӕмӕн дӕр. Мадзалы информацион партнер у Sputnik Хуссар Ирыстон.

"Сырх Дзуары Ӕхсӕнадӕмон Комитет, традицимӕ гӕсгӕ, сӕрды кӕрон уадзы ӕбӕрӕгӕй фесӕфджыты бинонтӕн ӕмуддзинады мадзал. Ацы бон мах мысӕм алкӕйдӕр, кӕмӕ ӕнхъӕлмӕ кӕсынц йӕ хиуӕттӕ ӕмӕ ӕввахс адӕм цалдӕр азы", — загъта СДӔК минӕвар республикӕйы Ашот Астабацян.

Ӕхсӕнадӕмон информацион агентад Sputnik у дунейы иууыл стырдӕр ДИФ-тӕй сӕ иу. Агентад кусы 32 ӕвзагыл. Ӕртӕ азмӕ фӕссоветон тыгъдады бӕстӕты Sputnik сайттӕ бацахстой раззагон бынӕттӕ бынӕттон ДИФ-ты хсӕн.

Ног хабӕртты лентӕ
0