Ирыстойнаг богал Багаты Алан рамбылдта дунейы фыццагад

Багаты Аланӕй дарддӕр ма ноджы дыууӕ ирон хъӕбысӕйхӕцӕджы райстой турниры хорзӕхтӕ
Sputnik

ЦХИНВАЛ, 15 авг — Sputnik. Ирон спортсмен Багаты Алан бацахста фыццаг бынат дунейы фыццагады уӕгъдибар хъӕбысхӕстӕй U-21, хъусын кӕны Цӕгат Ирыстоны спорты министрады пресс-службӕ.

Ирон хъӕбысӕйхӕцӕг ссис ӕхсӕнадӕмон турниры уӕлахиздзау

Багаты Алан рамбылдта сыгъзӕрин майдан 92 килограмм уӕзы категорийы, финалы уый рамбылдта америкайаг Лукас Джон Дэвисоны.

Ноджы дыууӕ ирон хъӕбысӕйхӕцӕджы райстой хорзӕхтӕ турниры. Хуыбылты Ален рамбылдта бронзӕйы майдан 125 килограмм уӕзы категорийы. 70 килограмм уӕзы категорийы ноджы иу бронзӕйы майдан Уӕрӕсейы командӕйӕн ӕрхаста Куыдзойты Алан.