Думӕйы депутат Хуссар Иры уавӕры тыххӕй: "ныфс мӕ ис, Гуырдзы кӕй бамбӕрста 2008 азы урок"

Паддзахадон думӕйы депутат загъта йӕ хъуыды гуырдзиаг полицийы блокпосты арӕзтады фӕдыл Хуссар Ирыстоны территорийыл Цънелисы хъӕуы цур
Sputnik

ЦХИНВАЛ, 29 авг — Sputnik. Хуссар Ирыстон алыхатт дӕр уыд хӕдбар паддзахад, Гуырдзыстоны провокацитӕм та хъӕуы дарын сабыр ахаст. Уый тыххӕй фехъусын кодта "Единая Россия"-йы фракцийы депутат, Паддзахадон думӕйы ӕхсӕнадӕмон ахастыты фӕдыл комитеты уӕнг Елена Панина, кӕцыйы ныхӕстӕ хъусын кӕны "Дума ТВ".

"Хуссар Ирыстоны Гуырдзыстоны скондмӕ ӕрбаздӕхыныл дзырд дӕр нӕй, сӕйраджыдӕр, 2008 азы трагикон цауты фӕстӕ", - загъта Панина.

Хуссар Ир ӕрдзурдзӕн Цънелисы хъӕуы уавӕрыл ИӔАМ фембӕлды

Елена Панина баныфсӕвӕрдта, Гуырдзыстон кӕй бамбӕрста 2008 азы урок ӕмӕ ахӕм цаутӕ нал ӕрцӕудзысты.

Ивгъыд улӕфт бонты уагдон дыууӕ хатты йӕ хъус ӕрдардта гуырдзиаг фарсы провокацион архӕйдтытӕм Хуссар Ирыстоны паддзахадон арӕны цур. Афтӕ ма уагдоны бафӕдзӕхстой, Хуссар Ирыстоны паддзахадон арӕны режим халын кӕй нӕ бауадздзысты, фӕткхалджыты та ӕрцахсдзысты хуссарирыстойнаг законтӕм гӕсгӕ.