Сыгъзæрин æмæ æвзист: Хуссар Иры теннисисттæ фембæлдысты æхсæнадæмон ерысты финалы Абхазы

Ӕмхæццæ къайон ерысты рамбылдта Тедеты Иосиф, дыккаг бынатыл та ацыд Куыдзеты Игорь
Sputnik

ЦХИНВАЛ, 29 авг – Sputnik, Плиты Фатимæ. Хуссарирыстойнаг теннисисттæ фембæлдысты æхсæнадæмон турниры финалы Абхазы. Ӕмхæццæ къайон ерысты тыхджындæр уыд Тедеты Иосиф, Куыдзеты Игорь та ацыд дыккаг бынатыл, фехъусын кодта Sputnik уæлдæр спортивон дæсниады скъолайы сæйраг тренер Джиоты Мириан.

Цæгаткавказаг теннисисттæ сæ тыхтæ бавзæрстой турниры Цхинвалы

Ерыстæ нывонд уыдысты æфсымæрон республикæйы стъолы теннисы фыццаг президент Омар Кварчияйы рухс номæн. Турниры архайта 30 спортсменæй фылдæр.

"Ӕмхæццæ къайон ерысты нæ спортсментæ уыдысты абхазаг теннисисттимæ. Сыгъзæрин майданыл тох уыд Тедеты Иосиф æмæ йæ абхазаг коллега Харчава Ринатæн Куыдзеты Игорь æмæ Давитая Лашаимæ. Ацы фембæлды тыхджындæр уыд фыццаг къорд. Нæ спортсментæ райстой сыгъзæрин æмæ æвзист майдантæ", - загъта Джиоты Мириан.

Уый ма федерацийы номæй бузныджы ныхæстæ загъта президент Бибылты Анатолийæн ерыстæм ацæуынæн финансон æххуысы тыххæй

Абхазы республикæйы стъолы теннисы фыццаг президент Омар Кварчияйы номарæн турнир цыд 22-24 августы, ерыстæ уыдысты, нымадмæ гæсгæ, дыууадæсæм хатт.