Цхинвалы "аварион" алвӕндагыл сӕмбӕлдысты дыууӕ хӕдтулгӕйы

Дыууӕ уынджы алвӕндагыл дыккаг бон нӕ кусынц светофортӕ. Цӕстӕйфенджыты ныхӕстӕм гӕсгӕ, ацы ӕууӕл у аварийы аххосӕгтӕй иу
Sputnik

ЦХИНВАЛ, 6 сен – Sputnik. Цхинвалы дыууӕ хӕдтулгӕйы сӕмбӕлдысты майрӕмбоны бонӕй, авари ӕрцыд Хъайтарты ӕмӕ Тӕболты Сергейы уынджы алвӕндагыл, цы ран дыккаг бон нӕ кусынц светофортӕ, фехъусын кодтой Sputnik фӕндагон-транспортон цауы (ФТЦ) цӕстӕйфенджытӕ.

Цхинвалы скъола ӕмӕ сабидоны цур сӕмбӕлдысты дыууӕ хӕдтулгӕйы

Сӕ ныхӕстӕм гӕсгӕ, "Toyota Avensis" хӕдтулгӕ сӕмбӕлд "Лада Самара"-йыл фарсы рдыгӕй. Зианбаййафджытӕ дзы нӕй, цауы бынатмӕ ӕрбацыдысты Паддзахадон автоинспекцийы кусджытӕ.

Уымӕй дарддӕр цӕстӕйфенджытӕ фехъусын кодтой дыууӕ уынджы алвӕндагыл дыккаг бон кӕй нӕ кусынц светофортӕ, ӕмӕ уый уыд аварийы аххосӕгтӕй иу.

Ацы бынаты фыццаг хатт не рцыд ФТЦ, 19 августы ам сӕмбӕлдысты дыууӕ хӕдтулгӕйы – уӕд дӕр светофортӕ нӕ куыстой. Уынджы цӕрджыты ныхӕстӕм гӕсгӕ, алвӕндагыл аваритӕ ӕрцӕуынц ӕгӕр арӕх ӕмӕ бирӕ хатт сӕ аххосаг вӕййы хӕлд светофор.