ЦХИНВАЛ, 6 сен - Sputnik, Козаты Диана. Хуссар Ирыстоны столицӕйы майрӕмбоны райсомӕй сӕмбӕлдысты дыууӕ дыууӕ фӕсарӕйнаг хӕдтулгӕйы - Mersedes-Benz ӕмӕ Honda. Фӕндагон-транспортон цау (ФТЦ) ӕрцыд 8 июны уынг ӕмӕ Димитровы уынджы алвӕндагыл.
Димитровы уынгыл ис дыууӕ ахуыргӕнӕндоны – сабидон ӕмӕ скъола, уый тыххӕй ацы ран алы райсом дӕр вӕййы бирӕ хӕдтулгӕтӕ.
Аварийы фӕстиуӕгӕн фӕндагыл фӕзынд егъау пробкӕ, фӕндагон змӕлдмӕ сӕ цӕст дардтой Паддзахадон автоинспекцийы кусджытӕ.
Цхинвалы скъола ӕмӕ сабидоны цур сӕмбӕлдысты дыууӕ хӕдтулгӕйы
© Sputnik / Диана Козаева