Ирыстойнаг дзюдоисттӕ схызтысты Уӕрӕсейы чемпионаты пьедесталмӕ

Финалон тохы Станислав Семенов рамбылдта йе ′мзӕххон Хуыбецты Аланы, кӕцы турниры фӕстиуджытӕм гӕсгӕ бацахста дыккаг бынат
Sputnik

ЦХИНВАЛ, 9 сен – Sputnik. Станислав Семенов ӕмӕ Хуыбецты Алан, кӕцытӕ хъахъхъӕнынц Цӕгат Ирыстоны кад, бацахстой фыццаг дыууӕ бынат Уӕрӕсейы чемпионаты дзюдойӕ, хъусын кӕны Цӕгат Ирыстоны спорты министрады пресс-службӕ.

Сыгъзæрин æмæ æвзист: Хуссар Иры теннисисттæ фембæлдысты æхсæнадæмон ерысты финалы Абхазы

Спортсментӕ фембӕлдысты финалы 81 килограмм уӕзы категорийы. Ацы тохы фӕуӕлахиз Станислав Семенов.

"Мах архайӕм иу командӕйы сконды, Уӕрӕсейы хъахъхъӕнӕм иу регионы кад. Кӕрӕдзи ныхмӕ тох кӕнын алыхатт дӕр вӕййы тынг зын – мах иттӕг хорз зонӕм кӕрӕдзийы приемтӕ", - загъта Станислав Семенов.

Ерыстӕ уагъд цӕуынц Назраны.