Джеры дзуары цæуынц цалцæггæнæн куыстытæ

Кувæндоны куыстытæ уадзынц цыртдзæвæнтæ хъахъхъæныны хайады цæстдарды бын, арæзтад балхынцъ уыдзæн 10 боны æмгъуыдмæ
Sputnik

ЦХИНВАЛ, 11 сен — Sputnik, Плиты Фатимæ. Хуссар Ирыстоны иууыл стырдæр кувæндæттæй иуы цæуынц цалцæггæнæн куыстытæ. Алайнаг епархи Хъахъхъæнынады министрадимæ иумæ ивынц Джеры дзуары агъуыст, фехъусын кодта хъахъхъæнынады министры уынаффæгæнæг Тыджыты Алан.

Джеры дзуар нымад у Хуссар Иры иууыл кадджындæр кувæндæттæй иуыл. Æрвылфæззæг уырдæм сæхи фæдзæхсынмæ ссæуынц мингай адæймæгтæ, сыгъдæг бынатмæ æрцæуынц фæсарæнтæй дæр.

Ортъеуы хъæу: ног аргъуан æмæ фыццаг скъола

"Цалцæггæнæн куыстытæ цæуынц Джеры кувæндоны. Ивд цæуы йæ агъуыст æмæ йæ бахизæны цар. Ӕмбæрзæн агури самал кодтам Германы. Уый баххæст кæндзæн кувæндоны рагон æддаг бакаст. Боныгъæд нæ куы бауадза, уæд дæс боны æмгъуыдмæ куыстытæ балхынцъ уыдзысты", - загъта Тыджыты Алан.

Уый ма радзырдта, фæстаг хатт Джеры дзуары цалцæггæнæн куыстытæ кæй цыдысты 1995 азы.

"Уæды дуджы дæр кувæндоны арæзтад йæхимæ райста Хъахъхъæнынады министрады бындурæвæрæг Хуыбылты Валерий, уæдæй фæстæмæ йæм аразджытæ нæ бавнæлдтой", - бафтыдта уый.

Джеры дзуары кувæндоны арæзтадæн хонынц æндæр æмæ æндæр датæтæ. Гуырдзыстоны архивон документтæм гæсгæ, уый арæзт æрцыд VI æнусы.