Хуссар Иры рабӕрӕг кӕндзысты Цӕгат Кавказы тыхджындӕр шашистты

Турниры хайад райсыны бар ис 20 азы карӕй хистӕр нӕлгоймӕгтӕн, кӕцытӕн ис спорты мастермӕ кандидат, кӕнӕ бӕрзонддӕр ном
Sputnik

ЦХИНВАЛ, 16 сен – Sputnik, Гӕбӕраты Элина. Хуссар Ирыстоны ацӕудзӕн ӕхсӕнадӕмон турнир тагъд шашкӕтӕй, кӕцы нывонд у ирон классик Хетӕгкаты Къостайыл 160 азы сӕххӕсты цытӕн. Хуссар Ирыстоны шашкӕты федерацийы президент Лолоты Борис куыд радзырдта Sputnik, афтӕмӕй ерыстӕм ӕрцӕудзысты шашисттӕ ӕппӕт Цӕгат Кавказӕй.

Бæрæгбон æмæ ерыстæ: Цхинвалы ацæудзæн турнир шахматтæй

"Турниры хайад райсдзысты спортсментӕ Цӕцӕн, Дагестан, Цӕгат Ирыстон, Кӕсӕг-Балхъар ӕмӕ Ставрополӕй. Турниры хайад райсыны бар ис 20 азы карӕй хистӕр нӕлгоймӕгтӕн, кӕцытӕн ис спорты мастермӕ кандидат, кӕнӕ бӕрзонддӕр ном", - загъта Лолоты Борис.

Ерыстӕ уагъд цӕудзысты 28-29 сентябры ХИПУ ӕмдзӕрӕндоны конференц-залы. Турниры регламентмӕ гӕсгӕ иу партийӕн хицӕн кӕндзысты 15 минуты. Турниры уӕлахиздзаутӕн ратдзысты зӕрдылдарӕн призтӕ.

Организатортӕ сты фӕсивӕдон политикӕ, спорт ӕмӕ туризмы комитет, уӕлдӕр спортивон дӕсниады скъола ӕмӕ шашкӕты федераци.