Бибылты Анатолий Донецкы сӕргълӕууӕгимӕ фембӕлды: ахастытӕ фидардæр кӕндзысты

Денис Пушилин ӕрласта республикӕмӕ ӕмӕ балӕвар кодта уардийы 2,5 мин талайы. Бибылты Анатолий банысан кодта, дидинджытӕ кӕй сфӕлындзысты Стыр парк Цхинвалы
Sputnik

ЦХИНВАЛ, 19 сен - Sputnik, Козаты Диана. Хуссар Ирыстоны президент Бибылты Анатолий ауагъта фембӕлд Донецкы Адӕмон Республикӕйы президент Денис Пушилинимӕ.

ДАР делегаци ӕрцыд Цхинвалмӕ Республикӕ расидыны 29-ӕм афӕдзы бонмӕ. Уый у Пушилины фыццаг балц Хуссар Ирыстонмӕ.

"Нӕ ахастытӕ райтынг сты. Уырны мӕ, нӕ дарддӕры ӕмгуыстад кӕй фидар кӕндзӕн. Махӕн ис фидар ахастытӕ ӕнӕниздзинад хъахъхъӕнынады фадыджы", загъта Бибылты Анатолий.

Президент равдыста ныфс, республикӕйы хсӕн ахастытӕ кӕй райтынг уыдзысты ӕндӕр фадгуыты дӕр.

Хуссар Ирмӕ официалон балцы ӕрцыд Донецкы республикӕйы сӕргълӕууӕг

ДАР сӕргълӕууӕг загъта бузныг Бибылты Анатолийӕн ӕрхуынды тыххӕй республикӕйӕн ахӕм ахсджиаг бӕрӕгбонмӕ.

"Ацы бӕрӕгбон у ахсджиаг ирӕттӕн ӕмӕ Донбассы цӕрджытӕн дӕр. Мах дӕр тырнӕм ахӕм ӕнтыстмӕ" – загъта Пушилин.

Денис Пушилин загъта бузныг Бибылты анатолийӕн Дар хӕдбардзинад банымайыны тыххӕй. Йӕ ныхӕстӕм гӕсгӕ, ацы скъуыддзаг бакодта республикӕйӕн фадӕттӕ, кӕцытӕ ныридӕгӕн реализаци кӕнынц.

"Махӕн ис иу хъуыды кӕцыдӕр фарстыты, махӕн ис ӕмхуызон ӕмбӕлттӕ дӕр, сӕйраджыдӕр, Уӕрӕсе, ӕмӕ ӕмхуызон знӕгтӕ. Уыдон ӕрмӕст Гуырдзыстон ӕмӕ Украина не сты, фӕлӕ сӕ фӕстӕ чи лӕууы, уыдон", - банысан кодта ДАР сӕргълӕууӕг.

Республикӕйы сӕргълӕуджытӕ радтой кӕрӕдзимӕ лӕвӕрттӕ. Денис Пушилин ӕрласта республикӕмӕ ӕмӕ балӕвар кодта уардийы 2,5 мин талайы. Бибылты Анатолий банысан кодта, дидинджытӕ кӕй сфӕлындзысты Стыр парк Цхинвалы.

Уымӕй дарддӕр Пушилин хайад райсдзӕн мадзӕлтты, кӕцытӕ нывонд сты Республикӕйы бонӕн.

Бибылты Анатолий Донецкы сӕргълӕууӕгимӕ фембӕлды: ахастытӕ фидардæр кӕндзысты

Хуссар Ирыстон 2014 азы банымадта ДАР ӕмӕ ЛАР хӕдбардзинад, республикӕтимӕ фидар ӕрцыдысты дипломатон ахастытӕ. Донецк ӕмӕ Луганскы кусынц Хуссар Ирыстоны минӕварадтӕ, Цхинвалы та — ДАР ӕмӕ ЛАР минӕварадтӕ.

2017 азы майы РХИ ӕмӕ ДАР бафыстой ӕмгуыстады бадзырд, документы бын сӕ къухфысттӕ ӕрӕвӕрдтой республикӕйы лидертӕ - Бибылты Анатолий ӕмӕ Александр Захарченко. 2018 азы декабры Цхинвалы бафыстой аналогион бадзырд Луганскы АДӕмон Республикӕимӕ.

Хуссар Ирыстоны ацы аз банысан кӕндзысты Республикӕ расидӕны 29-ӕм афӕдзы бон. 1990 азы 20 сентябры Адӕмон депутатты совет расидт Хуссар Ирыстоны советон демократон республикӕ Советон Цӕдисы сконды. Ацы скъуыддзаг ссис фыццаг къахдзӕфтӕй иу хӕдбардзинадмӕ ӕмӕ ӕхсӕнадӕмон банымадмӕ.