Киноныв "Фатима" раивдзысты ирон ӕвзагмӕ

"Фатимæ"-йы ног хуызæн аивадуарзджытæ аргъ скæндзысты октябры астæу. Кинонывы рацарæзт баст у Хетæгкаты Къостайы райгуырдыл 160 азы сæххæстимæ
Sputnik

ЦХИНВАЛ, 24 сен — Sputnik. Хетæгкаты Къостайы зындгонд поэмæ "Фатимæ"-мæ гæсгæ ист киноныв тагъд фенæн уыдзæн ирон æвзагыл, хъусын кæны ПТРК "Алания".

"Фатимæ"-йы æрыздæхт: театр ӕрбакодта сезон

"Фатимæ"-йæн ирон æвзагыл аивадуарзджытæ аргъ скæндзысты октябры астæу. Кинонывы рацарæзт цæуы Хетæгкаты Къостайы райгуырдыл 160 азы юбилеймӕ.

Раздæр ацы киноныв уыд ирон æвзагыл, фæлæ уыцы лентæ фесæфт. Ныр Цæгат Ирыстоны æппæт театрты актертæ баиу сты иумæйаг куысты, архайынц актерты иронау сдзурын кæныныл.

Режиссер Владимир Валишвилийы (Уалыты) кинолентæ истой уырыссаг æвзагыл, уый фæстæ та йæ ратæлмац кодтой ирон æвзагмæ. Фæлæ историон дубляж сæфт æрцыд. Нырыккон хуызæн сног кодтой хъайтарты хъæлæстæ, музыкæ, стæй нывтæ.