Хуссар Иры командæ боксæй рамбылдта Захарченкойы номарæн турниры 11 майданы

Ӕртæ боны дæргъы ерыстæ Хуссар Ирыстоны командæйæн æрхастой 6 сыгъзæрин, иу æвзсит æмæ цыппар бронзæ майданы
Sputnik

ЦХИНВАЛ, 30 сен – Sputnik, Плиты Фатимæ. Хуссар Иры командæ боксæй рамбылдта 11 майданы ДАР фыццаг президент Александр Захарченкойы номарæн турниры, уыдонæй 6 сыгъзæринтæ, фехъусын кодта Sputnik спорты галуан "Олимп"-ы хистæр тренер Хаситы Владислав.

Донецкы адæмон республикæйы турнир ахицæн къуырисæры. Ӕртæ боны дæргъы ерыстæ Хуссар Ирæн æрхастой 6 сыгъзæрин, иу æвзист æмæ цыппар бронзæ.

"Æхсæнадæмон турниры уæлахиздзаутæ ссисты – Ӕлборты Сослан, Зæгъойты Алан, Гуыцмæзты Георгий, Багаты Марат, Багаты Дмитрий, æмæ Гæджиты Гурам. Уæлахиздзаутæй иу къæпхæн ныллæгдæр у Ян Яралов. Командæйы уæнгтæй ма ноджы цыппар лæппу райстой бронзæ майдантæ", - загъта Хаситы Владислав.

Къорды сконды уыдысты Хуссар Иры æппæт боксы секциты аккагдæр хъомылгæнинæгтæ, сæ нымæцы 2019 азы Уæрæсейы фыццагады финалист Гæджиты Гурам æмæ ацы ерысты 2018 азы призер Ӕлборты Сослан, Ӕхсæнадæмон ерысты уæлахиздзау Зæгъойты Алан æмæ æндæртæ.

Турниры архайдтой бынæттонтæй дарддæр боксертæ Абхазæй, Сомихстонæй æмæ Уæрæсейы регионтæй.

Хуссар Иры командæ боксæй рамбылдта Захарченкойы номарæн турниры 11 майданы