Хуссар Иры президент раарфӕ кодта Абхазӕн Уӕлахиз ӕмӕ хӕдбардзинады боны цытӕн

Абхаз къуырисӕры, 30 сентябры, нысан кӕны уӕлахиз Фыдыбӕстӕйон хӕсты 1992-93 ӕзты. Ацы бӕрӕгбоны фӕдыл ӕфсымӕрон республикӕйы къухдариуӕгад ӕмӕ адӕмӕн раарфӕ кодта Бибылты Анатолий
Sputnik

ЦХИНВАЛ, 30 сен - Sputnik. Хуссар Ирыстоны президент республикӕйы къухдариуӕгад ӕмӕ адӕмы номӕй раарфӕ кодта йӕ абхазаг коллегӕ Рауль Хаджимбайӕн Абхазы адӕмы Фыдыбӕстӕйон хӕсты Уӕлахизы боны цытӕн.

"Бирӕнусон историйы дӕргъы ӕфсымӕрон Абхаз бавзӕрста бирӕ зындзинӕдтӕ, ӕмӕ алыхатт дӕр сӕ сӕрты хызт намысджынӕй. Абхаз хӕсты фӕуӕлахиз йӕ адӕмы стыр патриотизм, иудзинад ӕмӕ ныфсджындзинады руаджы. Ацы бӕрӕгбон ӕрбаиу кодта алкӕйдӕр, чи кад кӕны йӕ Фыдыбӕстӕйы кадджын историйӕн ӕмӕ йӕ уырны ирд сомбон. Бӕрӕгбон ссис адӕмы хъайтардзинад, хъӕбатырдзинад ӕмӕ адӕмы стыр ныфсы фӕлгондз", - дзырдӕуы хъусинаджы.

Бибылты Анатолий куыд банысан кодта, афтӕмӕй Абхаз у размӕцыд бӕстӕ, кӕцы фидар кӕны йӕ паддзахадон хӕдбардзинад.

Абхазы ФХМ: Хуссар Иры адӕм кӕрӕдзи фарсмӕ балӕугӕйӕ бахъахъхъӕдтой сӕ фыдыбӕстӕ

"Ныфс мӕ ис, нӕ бӕстӕты хсӕн хӕларадон ахастытӕ дарддӕр кӕй райтынг уыдзысты нӕ адӕмты хӕрзӕбонӕн", - бахахх кодта Бибылты Анатолий.

Абхазы 30 сентябры нысан кӕнынц Уӕлахиз ӕмӕ хӕдбардзинады бон. Ацы бон 26 азы размӕ абхазаг ӕфсӕдтӕ рахызтысты Ингуры донмӕ, Гуырдзыстонимӕ паддзахадон арӕнмӕ ӕмӕ сӕвӕрдтой хидыл абхазаг тырыса. Афтӕмӕй фӕцис Абхазы адӕмы Фыдыбӕстӕйон хӕст.

Гуырдзиаг-абхазаг хӕст цыд 413 боны, конфликты рӕстӕджы фӕмард сты 3,5 мин адӕймаджы.