Бӕллиццаг бадзырдты бон: Хуссар Ир ӕмӕ Луганскы республикӕ тох кӕндзысты фыдракӕндтимӕ

Дыууӕ республикӕйы уагдӕттӕ майрӕмбоны бафыстой ӕмгуыстады фӕдыл документтӕ. Бадзырдтӕм гӕсгӕ иумӕйаг тох кӕндзысты фыдракӕндты ныхмӕ
Sputnik

ЦХИНВАЛ, 4 окт - Sputnik, Гӕбӕраты Ян. Хуссар Ирыстон ӕмӕ Луганскы Адӕмон Республикӕ (ЛАР) бахахх кодтой сӕ цӕттӕдзинад райтынг кӕнын ахастытӕ ӕмӕ ӕххуыс кӕнын кӕрӕдзийӕн фыдракӕндты ныхмӕ тохы, фехъусын кодта документ бафыссыны фӕстӕ Хуссар Ирыстоны мидхъуыддӕгты министр Наниты Игорь.

Бон, кӕцымӕ дыууӕ фарс дӕр рагӕй ӕнхъӕлмӕ кастысты, рауад ӕнтыстджын: майрӕмбоны райсомӕй ЛАР делегаци бафыста хуссарирыстойнаг коллегӕтимӕ ӕртӕ бадзырды.

Фыццаг бадзырдтӕ бафыстой Уӕлвӕткон уавӕрты министрӕдты сӕргълӕуджытӕ Цоциты Азӕмӕт ӕмӕ Евгений Кацавалов.

Бӕллиццаг бадзырдты бон: Хуссар Ир ӕмӕ Луганскы республикӕ тох кӕндзысты фыдракӕндтимӕ

"Мах уымӕ цыдыстӕм цалдӕр азы, ӕмӕ абон радтам нӕ уагдӕтты хсӕн ахастытӕн юридикон статус", - фехъусын кодта Кацавалов.

Колллегӕтӕ ӕрӕвӕрдтой сӕ къухфысттӕ, уый фӕстӕ Евгений Кацавалов радта Цоциты Азӕмӕтӕн зӕрдылдарӕн маркӕ Луганск ӕмӕ Хуссар Ирыстоны тырысаты хуызӕгтимӕ.

Бӕллиццаг бадзырдты бон: Хуссар Ир ӕмӕ Луганскы республикӕ тох кӕндзысты фыдракӕндтимӕ

Уый фӕстӕ бадзырд бафыстой РХИ Мидхъуыддӕгты министрады (МХМ)сӕргълӕууӕг Наниты Игорь ӕмӕ луганскаг уагдоны разамонӕг Игорь Корнет.

Фарсыты хъуыдымӕ гӕсгӕ, бадзырды фӕлгӕтты ӕххӕст цӕудзӕн активон ӕххуыс фыдракӕндтимӕ тохы.

"Абон мах сарӕзтам стыр къахдзӕф. Райтынг кӕндзыстӕм нӕ ахастытӕ ӕмӕ иумӕ тох кӕндзыстӕм фыдракӕндты ныхмӕ", - бахахх кодта Наниты Игорь.

Бӕллиццаг бадзырдты бон: Хуссар Ир ӕмӕ Луганскы республикӕ тох кӕндзысты фыдракӕндтимӕ

Афтӕ ма фыдракӕндты ныхмӕ тох кӕныныл бадзырдтой Хуссар Ирыстоны генералон прокурор Дзӕгъиаты Уырызмӕг ӕмӕ ЛАР генералон прокуроры хӕстӕ ӕххӕстгӕнӕг Сергей Горенко.

"Ацы бадзырд цӕттӕ кодтам иу азы дӕргъы ӕмӕ аскъуыддзаг кодтам, кӕй йӕ хъӕуы бафыссын.Скуыддзаг кӕндзыстӕм проблемӕтӕ ацы документты бындурыл", - загъта Дзӕгъиаты Уырызмӕг.

Бӕллиццаг бадзырдты бон: Хуссар Ир ӕмӕ Луганскы республикӕ тох кӕндзысты фыдракӕндтимӕ

Хуссар Ирыстон 2014 азы банымадта ДАР ӕмӕ ЛАР хӕдбардзинад, республикӕтимӕ фидар ӕрцыдысты дипломатон ахастытӕ. Донецк ӕмӕ Луганскы кусынц Хуссар Ирыстоны минӕварадтӕ, Цхинвалы та — ДАР ӕмӕ ЛАР минӕварадтӕ.

2017 азы майы РХИ ӕмӕ ДАР бафыстой ӕмгуыстады бадзырд, документы бын сӕ къухфысттӕ ӕрӕвӕрдтой республикӕйы лидертӕ - Бибылты Анатолий ӕмӕ Александр Захарченко. 2018 азы декабры Цхинвалы бафыстой аналогион бадзырд Луганскы АДӕмон Республикӕимӕ.