Хуссар Иры парламенты спикер: ӕхсызгонӕй мысын УУМ арвитгӕ ӕзты

Уӕлвӕткон уавӕрты раздӕры министр раарфӕ кодта уагдоны коллективӕн йӕ арӕзтады боны цытӕн
Sputnik

ЦХИНВАЛ, 4 окт - Sputnik. Хуссар Иры парламенты спикер Тадтаты Алан раарфӕ кодта Уӕлвӕткон уавӕрты министр Цоциты Азӕмӕтӕн уагдоны сӕвзӕрды боны цытӕн.

Бибылты Анатолий: Хуссар Иры УУМ-ӕн ӕхсӕнад кад ӕмӕ цыт кӕны

"Мӕнӕн тынг ӕввахс уацы уагдон, уымӕн ӕмӕ ӕз УУМ-ы куыстон йӕ сӕвзӕрдӕй фӕстӕмӕ, дӕн ӕвдисӕн алыбонон зын куыстӕн. Тынг ӕхсызгонӕй мысын УУМ арвитгӕ ӕзты", - банысан кодта йӕ арфӕйы тексты, кӕцы мыхуыр ӕрцыд закондӕттӕг органы сайтыл.

Тадтаты Алан ма бафтыдта, ирвӕзынгӕнӕджы дӕсниад кӕй домы хъӕбатырдзинад ӕмӕ ныфсхастдзинад, ӕмӕ бахахх кодта министрады куыст кӕй ссис адӕмӕн ӕххуысы символ. Спикер ма равдыста ныфс, министрады кусджытӕ дарддӕр дӕр цӕсгомджынӕй кӕй ӕххӕст кӕндзысты сӕ разы лӕууӕг хӕстӕ.