Хуссар Иры райстой закон чысыл бизнесы ӕххуысӕн

Ивгъуыд аз чысыл амалиуӕгады уӕлбар кредиткӕнынадӕн Хуссар Ирыстоны бюджетӕй рахицӕн кодтой 21 милуан сомӕй фылдӕр
Sputnik

ЦХИНВАЛ, 4 окт — Sputnik, Козаты Диана. Хуссар Ирыстоны парламент райста закон 2018 азы чысыл бизнесы уӕлбар кредиткӕнынадӕн ӕххуысы фонды бюджет сӕххӕст кӕныны фӕдыл.

Бизнесӕн ӕххуыс: Цхинвалы ӕрдзырдтой уӕлбар кредиткӕнынадыл

Хуссар Ирыстоны ивгъуыд аз райстой закон уӕлбар кредиткӕнынады фӕдыл, кӕцымӕ гӕсгӕ паддзахадон бюджеты ӕфтиӕгты 2% хицӕн кӕндзысты чысыл амалиуӕгады минӕвӕрттӕн кредитон фӕрӕзты хуызы. Иумӕйагӕй радтой 49 кредиты.

Экономикӕ, чысыл амалиуӕгад ӕмӕ хъӕууон хӕдзарады комитеты сӕрдар Тъехты Аланы ныхӕстӕм гӕсгӕ, фонды иумӕйаг ӕфтиӕгтӕ фарон уыдысты 22,3 милуан сомы, уыдонӕй 21,6 милуаны сты фӕрӕзтӕ, кӕцытӕ фондӕн рахицӕн кодтой паддзахадон бюджетӕй, ӕмӕ 767 мин сомы та сты проценттӕ, кӕцытӕ райстой фонды ӕхцайы фӕрӕзтӕ кредитон организациты депозиттыл сӕвӕрынӕй.

"2018 азы конкурсон къамис хорзыл кӕцы проекттӕ банымадта, уыдонӕй ӕххуыс райстой 49 амалиуӕггӕнӕджы. Хъӕууон хӕдзарады фадыджы радтой 39 кредиты, фӕйнӕ ӕртӕ базарад ӕмӕ сӕудӕдӕджерады фадыджы, ӕмӕ цыппар та лӕггады фадыджы", - загъта комитеты сӕрдар.

Тъехты Алан банысан кодта, цыппар амалиуӕггӕнӕгӕн кӕй нӕ радтой кредиттӕ, уымӕн ӕмӕ уыдонӕн уыд хъалонон, кӕнӕ ӕндӕр хӕстӕ.

Иумӕйагӕй 2018 азы уӕлбар кредиттӕ радтой 20,6 милуан сомы бӕрц.