Къостайы юбилей: цæмæй банысан кæндзысты æппæтирон бæрæгбон

Къостайы азы фæлгæтты бирæнымæц мадзæлтты фылдæр хай банысан кæндзысты ацы бонты, стыр бæрæгбон ацæудзæн Нары, фæбæрæг уыдзысты Къостайы премийы лауреаттæ, ДИФ-ты сарæх уыдзæн генийы кой
Sputnik

ЦХИНВАЛ, 14 окт — Sputnik, Плиты Фатимæ. Дыццæджы Иры дзыллæ банысан кæндзысты Хетæгкаты Къостайы райгуырæн бон. Уый у Ирыстоны иунæг литератор, кæцыйы райгуырæн бон Ирыстоны дыууæ хайы æмæ фæсарæнты дæр ссис æппæтнацион бæрæгбон.

Хуссар Ирыстоны 2019 аз расидт æрцыд генийы азæй.

Иууылдæр Нармæ

Нар-Гуфта-Цхинвал. Маргъы атахты бæрзæндæй

Дыццæджы Хетæгкаты Къостайы райгуырæн бон уæрæхæй нысан кæндзысты йæ райгуырæн хъæу Нары. Ирыстоны дыууæ хайы ʻхсæн чысыл хъæу байдзаг уыдзæн уазджытæй - сфæлдыстадон коллективтæ, политиктæ, ахуырдзаутæ уыдзысты Нары. Уырдæм автобустæ цæудзысты æнæаргъæй цæгатæй дæр æмæ хуссарæй дæр.

"Райсом аст сахатæй фарастмæ Цхинвалæй ацæудзæн транспорт, нæ уавæртæ нæ куыд амоной, уый бæрц автобус самал кæндзыстæм. Ӕхсæз хæдтулгæйы бæрц ацæудзæн Нармæ", - фехъусын кодта Sputnik Хуссар Иры автомобилон транспорты управленийы хистӕр Дудайты Альберт.

Мадзæлттæ Цхинвалы

Хуссар Иры бæрæгбонон мадзæлттæ цæудзысты къуырисæрæй, генийы райгуырæн боны агъоммæ.

"16 октябры фæссихортыл æхсæнад æмæ интеллигенцийы минæварттæ дидинтæ сæвæрдзысты Къостайы цыртмæ, уый фæстæ райдайдзæн æхсæнады цытджын æмбырд "Поэт, хранимый памятью народа", - загътой культурæйы министрады пресс-службæйы.

Къостайы преми

Æртыццæджы хатдзæгтæ скæндзысты Хетæгкаты Къостайы номыл 2019 азы премийы лауреаттæн. Литературæ, аивад, публицистикæ, ирон филологи æмæ историон зонæдты фадыджы аккагдæрты къамис равзардзæн церемонийы агъоммæ, фæлæ сæ дардзæн сусæгы.

Къоста æвзисты: Национ банк рауагъта згъæрæхца поэты юбилеймæ

Номинантты ʻхсæн сты нывгæнджытæ, режиссер, музыкант, поэтессæтæ æмæ журналисттæ - æдæппæтæй 14 адæймаджы. Сæ нымæцы аивады фадыджы: режиссер Дзудцаты Тамерлан, адæмон нывгæнæг Ӕлборты Ирбег, музыкант Уалыты Нино, сгуыхт нывгæнджытæ Бекъойты Алан æмæ Хуыбиаты Роберт. Литературæйы фадыджы – фыссæг Хъазиты Мелитон, поэтессæтæ Чехойты Оля æмæ Кокойты Эльза.

Публицистикæйы фадыджы номинанттæ сты сгуыхт журналист Хъуылымбегты Роберт æмæ журнал "Фидиуæг". Ирон филологийы здæхæны та сæ куыстытæ бавдыстой ацы фадыджы зонæдты кандидаттæ Дзабиты Зарбег æмæ Дзиццойты Юрий. Фæндзæм номинацийы дæр ис дыууæ претенденты – Хуссар Иры зындгонд ахуыргæндтæ Гаглойты Юрий æмæ Дзугаты Къоста. Хорзæхкæныны цытджын церемони ацæудзæн ПДТ-ы.

"Нæхи Къоста"

25 азы эфиры: ПТРК "Ир"-ы юбилеймӕ рацыд чиныг

Хетæгкаты Къостайы азмæ Хуссар Ирыстоны паддзахадон телеуынынад рауагъта сæрмагонд проект "Нæхи Къоста", кæцыйы фæлгæтты республикæйы зындгонд адæм кæсынц Хетæгкаты Къостайы æнæмæлгæ æмдзæвгæтæ.

"Дæс алæвæрды бæрц бацæттæ кодтам Хетæгкаты Къостайы юбилеймæ. Проекты фæлгæтты зындгонд адæм – политиктæ, спортсментæ, актертæ кæсынц зындгонд æмдзæвгæтæ. Ӕдæппæтæй дзы хайад райстой 40 лæджы бæрц", - загъта Sputnik проекты автор Хъоцыты Сергей.